Понедельник, 23.06.2025, 14:51
Главная Регистрация RSS
Приветствую Вас, Гость
Меню сайта
Наш опрос
По Вашему мнению, цены на основные продукты, товары и услуги в целом выросли, снизились или не из
Всего ответов: 219
Статистика

Онлайн всего: 2
Гостей: 2
Пользователей: 0
Главная » 2015 » Ноябрь » 30 » Цы уыдзæн нæ фидæн?
22:15
Цы уыдзæн нæ фидæн?

Бæрæг куыд у, афтæмæй адæм æмæ се ‘взаг кæрæдзийыл баст сты, куы фæхицæн вæййынц, æвзаг сæфт куы æрцæуы, уæд наци дæр бамынæг вæййы, æвæдæй фесæфы. Цæмæй ацы бæллæхæй хызт уæм, уый тыххæй нæ алкæйы хæс дæр у, цæмæй нæ мадæлон æвзагæн аккаг аргъ кæнын фæразæм. Агурын хъæуы алыхуызон мадзæлттæ, цæмæй, нæ фыдæлтæ нын стыр хæзнайæн цы мадæлон æвзаг ныууагътой, уый хъахъхъæд æрцæуа æмæ йæ кæстæр фæсивæдæн нæ бон уа рæсугъд æмæ аивæй адæттын. Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ ирон лæг кæмфæндыдæр куы цæра, кæйфæнды æвзагыл дæр куы дзура, уæддæр ын йæхи æвзаг хъуамæ æцæгæлон макуы суа, фæлæ йæ цæстыгагуыйау хъахъхъæна. Æцæг ирон лæг уый фæхонынц, кæцы йæ адæмы фидæнмæ, сæ хъысмæтмæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы, фæлæ архайы сæ хорздзинадыл, сæ амондыл, аразы нывыл мадзæлттæ, цæмæй нæ кæстæртæ рæзой амондджынæй, не ‘взаг цæра, нæ ирондзинад макуы фесæфа. 
Ирон лæг хъуамæ сæрыстыр уа, Хуыцау 
æй иронæй кæй сфæлдыста, уымæй. Уымæн æмæ йæ зонд, йæ хъару, йе ‘фсарм уæлдæр йеддæмæ дёлдёр ницёмёй лёууы иннё адёмтимё абаргæйæ. Ацы ирон лæджы фæзминаг æууæлтæ æнцой кæнынц нæ мадæлон æвзагыл. 
Мадæлон æвзаг дæр æй уый тыххæй хонæм, æмæ йæ алы ирон дæр йæ мады гуыбынæй, гуырдзæй рахæссы. Царды та мадæй зынаргъдæр æмæ ахсджиагдæр ницы ис. Уый нæ рауадзы цардмæ, уый нын фенын кæны арвы рухс. Мады ныхас, йæ зæрдæ, йæ хъæбысы хъарм батавынц сабийы æмæ йын свæййынц йæ дарддæры царды æвдадзы хос. Æмæ мадæн цы кад кæнæм, ахæм бæрзонд бынаты нæм хъуамæ æвæрд уа не ‘взаг дæр. Афтæ куы бафæрсæм, цы уавæры ис абон нæ мадæлон æвзаг, уæд дзы бæллиццагæй ницы банкъардзыстæм. Дунейыл зындгонд ахуыргонд Абайты Васо йё рёстёджы фæдис хъæргæнгæйæ фыста: «Не ‘взаг ис зын уавæры, тæссаг у, куы нын фесæфа, уымæй». Æмæ йæ бахъахъхъæныны мадзæлттæй амоны: ирон бинонтæ, ирон скъола, ирон мыхуыр, радио æмæ телеуынынад. 
Зæрдæ ради, телеуынынады ирон æвзагыл нæ сабитæ цы иунæг равдыст «А-лол-лай!» цæттæ кодтой, уымæй. Ацы равдыст, иуæрдыгæй, рох кæнын нæ уагъта нæ номдзыд поэт, ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы рухс ном, иннæрдыгæй та,  уыд агургæ æмæ æнæ ссаргæ мадзал ирон æвзаджы хъысмæтæн, цæмæй хъахъхъæд æрцы-даид ёмё йё кад бонёй-бон бёрзонддёр кодтаид. Фæлæ, хъыгагæн, кæйдæр уынаффæмæ гæсгæ ацы равдыст ист æрцыд телеуынынады программæйæ.
Ацы равдыст кæстæрты разæнгард кодта æмæ сын сæ рæзгæ удты бирæ рæсугъд бæллицтæ гуырын кодта. Æмæ абон фыдæнхъæл фесты, фæсмонгондæй баззадысты. Уыцы сабитæй иу у заманхъуйлаг Дудиаты Хъанымæт, цæуы йыл авд азы, ахуыр кæны Заманхъулы астæуккаг скъолайы дыккæгæм къласы. Хъанымæйт-иу телеуынынады равдыс-тæй фæстæмæ хъæумæ куы æрыздæхт, уæд-иу уыд тынг хъæлдзæг, йæ цинæн кæрон дæр нæ уыд. Йæ баба æмæ-иу йæ нанайæн цымыдисæй дзырдта, телеуынынады цæуыл цыд ныхас, уыдоны тыххёй. Ирон ёвзаг, ирон ныхас йæ уды арф бынат æрцахстой, æмæ йæм фидæнмæ уыд бæллиц, цæмæй суыдаид ирон театры актер. Ныр сагъæсы бацыд, йæ зæрдæмæ иу хуры цъыртт никæцæй уал кæсы, æппынæдзух вæййы æрхæндæг. Æмæ йæ куы бафæрсай: «Телеуынынад “А-лол-лай”-ы равдысты нал архайыс?», уæд, мæнæ адæймагыл стыр бæллæх куы æрцæуы æмæ йæ сæр бынмæ куы æруадзы, афтæ уый дæр зæхмæ кæсгæйæ кæуын хъæлæсы уагæй фæзæгъы: «Нал, сæхгæдтой йæ», зæгъгæ.
Ацы ныхæсты фæстæ адæймагмæ сёвзёры ахём фарста: ацы равдыст чи сæхгæдта, уый ирон у? Кæд ирон у, уæд цæуылнæ ахъуыды кодта ирон æвзаджы хъысмæтыл, нæ кæстæрты фидæныл, цæмæн сæ тæры дæлджинæгмæ, цæмæн къахы йæхи къухтæй не ‘взагæн ингæн?!
Ацы уавæр абарæн ис мæсыджы хъысмæтимæ. Мæсыгæй иу бон иу дур рахауы, иннæ бон дыккаг дур æмæ а. д., стæй фæстагмæ мæсыг иууылдæр ныг-гуыпп ласы æмæ бынтондæр афæлдæхы. Афтæ ирон æвзаджы хъысмæтыл дæр бирæтæ суæлæхох сты, сусæг-æргомæй тырнынц сæ æнæрхъуыды архайды фæр-
цы, цæмæй не ‘взаг бынтондæр фесæфа, атайа. Ацы архайдæн раттæн ис æрмæст-дæр иу ном — фыдракæнд.
Хъанымæтæн йæ рæзгæ уды цы стыр сагъæс бацыд, уый йын йæ зæрдæйы стыр хъæдгом скодта æмæ йын, æвæццæгæн, йæ зæронды бонмæ дæр нал байгас уыдзæн. Уæдæ Хъанымæты хуызæн иннæ сабитæ дæр хуыздæр уавæры кæй не сты, уый, æвæццæгæн, дызæрдыггаг никæмæн у. Æмæ афтæмæй нæ сабиты сæ æрыгон бонты зæрдæхæлд фæкодтой. Иннæ ахæм та, нæ мадæлон æвзаджы хурхыл бахæцынмæ хъавынц. Æнæуи дæр не ‘взаг тæссаг уавæры ис, сæфты къахыл цы æвзæгтæ ныллæууыдысты, уыдоны номхыгъдмæ хауы, фæлæ, куыд фæзæгъынц, кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та рæхуыст!

ХÆМЫЦАТЫ Раман, 
ЁЁЗ «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнг, 
Рахизфарсы районы Ныхасы ирон 
æгъдæутты комитеты сæрдар 

Категория: Разное | Просмотров: 593 | Добавил: Admin | Рейтинг: 5.0/1
Всего комментариев: 0
idth="100%" cellspacing="1" cellpadding="2" class="commTable">
Имя *: Email *:
Код *: