Кæд уыдзæнис уый, æмæ Ирыстоны уыдзæн иу æгъдау?
Кæд æрцæудзæн уыцы рæстæг, æмæ хистæр ахуыр кæндзæн йæ кæстæрты ирон æгъдæуттыл?
Кæд уыдзæнис уый, æмæ, æгъдæуттæ хорз чи нæ зоны æмæ йæхицæн кад кæнын чи нæ зоны, уый хистæры бынаты нал баддзæн?
Ирон адæмы фæнды, цæмæй нæм уа иу æгъдау. Уымæ гæсгæ æмбырдты сæ хъуыдытæ загътой æмæ сыл æмхъæлæсæй сразы сты. Фидаргонд та æрцыдысты ирон адæмы съезды горæт Цхинвалы.
Уыцы æрмæг гыццыл чиныгæй рауагъта æгъдæутты комитет. Чиныг адæмы зæрдæ-
мæ фæцыд, æмæ йæ фылдæр адæм æх-хæст кæнынц. Хъыгагæн, разындис нæм ахæм адæймæгтæ, иумæйаг æгъдæуттæ сæ къæхты бын чи кæны æмæ сын цæлхдуртæ чи æвæры.
Нæ хорз ирон æгъдæуттæ аразгæ сты
нæ хистæртæй. Хъуамæ сæ уыдон, куыд æмбæлы, афтæ æххæст кæной, стæй нæ
кæстæрты дæр ахуыр кæной нæ хорз æгъдæуттыл. Хистæр йæхæдæг æгъдæуттæ куы нæ зона, уæд сæ куыд æххæст кæндзæн æмæ куыд ахуыр кæндзæн йæ кæстæрты? Æгъдаухалæгæн афтæ куы зæгъай, нæ æгъдæуттæ раст нæ кæныс, зæгъгæ, уæд дын дæхи фæзылын кæндзæн. Уыцы барджын хъæлæсæй дын зæгъдзæн: æз газеты нæ кастæн, æмбырдты дæр, стæй адæмон съезды дæр нæ уыдтæн. Æз цы
æгъдау æрæййæфтон, уый кæнын æмæ
кæндзынæн. Уымæн мах зæгъæм афтæ:
дæхи адæмæй зондджындæр ма кæн. Сæ
уынаффæ æмæ нæ иумæйаг æгъдæутты размæ цæлхдуртæ ма æвæр. Дæхимæ æркæс, ды чи дæ æмæ дæ чи уынаффæ-гæнæг скодта? Цы кæстæрты фыдахуыр
кæныс, уыдон дын аргъ кæнынц æфсæрмæй, куыд хистæр афтæ, æмæ зон: цард рæзы æмæ размæ цæуы, æгъдæуттæ дæр иуæй-иутæ ивынц, адæм сæ сæхæдæг аразынц æмæ сæ æххæст кæнынц. Уымæ гæсгæ дæхи фæнд ма тæр, адæммæ дæр байхъус æмæ нын нæ иумæйаг æгъдæуттæ ма змæнт.
Не ‘гъдæуттæй æртын æгъдауæй фыл-дæр хуыздæрæрдæм ивд æрцыдысты. Зæгъæм, чындзы уæлмæрдтæм, цырддзæ-вæнмæ нал ласæм, йæ фæндаг ын нал æхгæнæм, сиахсы дæр нал æмбæхсæм, уадз æмæ йæхи чындзæхсæвы йæ æм-гæрттимæ уæд, æрмæст, куыд æмбæлы, афтæ йæхи дарæд, тыхæй карз нозтæй кæрæдзимæ нал хатæм. Ивддзинæдтæ æрцыд марды æгъдæутты дæр.
Æгъдæуттæ хорз æвæрд сты Рахизфарсы районы. Уым ис бирæ æгъдауджын хистæртæ — зæгъæм, Дзуццаты Чермен, Битарты Барис, Дзуццаты Саханджери, Бæтæгаты Израил, Калоты Анатоли,
Моргуаты Таймураз, Кцойты Чермен,
Хуымæллæгæй Дзгойты Аслæнбег, Зилгæ-йæ Хæмыцаты Раман, Заманхъулæй Мыртазты Дзаххотт, Брутæй Рубайты Виктор. Уыдон районы Ныхасы сæргълæууæг Томайты Савелиимæ лæмбынæгæй иумæ архайынц нæ ирон иумæйаг æгъдæуттыл, æмæ сын районы цæрджытæ æмæ æгъ-дæутты комитеты уæнгтæ бузныг зæгъынц.
Æрæджы Беслæныхъæуы хæрнæджы фынгыл хистæрæн бадт Алыксандр. Хис-тæры раз — цыппар кæрдзыны (æмбæлгæ
та кæны дыууæ), стæй хъæздыг фынгæ-вæрд. Алыксандр Хуыцауы ном куы ссардта, уæд уырдыгыстæгмæ дзуры, кард райс, чъиритæ æрдихтæ кæн æмæ фыдызгъæл хистæрты раз æркæрд, зæгъгæ. Уыцы минут хистæр йæхæдæг хæрыныл фæцис, раст цыма къутуйы бынæй раирвæзт, афтæ. Æз рæгъ рауагътон, мæ дæлейы чи бадт, уымæ. Кæсын, æмæ бадты адæмæй фынгмæ ничи бавнæлдта, цалынмæ хистæртæ рухса-джы рæгъ нæ загътой, уæдмæ. Æмæ уый раст у. Алчидæр хæрын æмæ нуазынмæ не ‘рбацæуы, фæлæ æфсармджын æмæ æгъдауджын адæймаг Таймураз, уый дæр хистæрмæ ницы сдзырдта æфсæрмæй.
Дыккаг, чи не ‘мбæлы, ахæм ирон æгъдау.
Хистæр иу кæстæрмæ фæдзырдта æмæ
йын бафæдзæхста: рацæуæнт æртæйæ, зæгъгæ. Æз æй фæрсын: цæмæн артæйæ?
Хъуамæ рацæуой къæйттæй. Рæстæмби-сæй æмбæлы цыппарæй. Хистæр мын
дзуапп радта, цыппæрæм лæг ам ис, уый у
мыггаджы хистæр, зæгъгæ. Æрбацыдысты æртæйæ. Семæ уыдис хистæрæн æгъдау-
джын сыхаг, уый рацыдис мæрдджын мыггаджы æмæ сыхбæсты номæй, фыдохы (арфæйы) нуазæнтæ раттыны тыххæй. Хистæр ын ныхасы бар нæ радта æмæ уырдыгыстæгæн загъта, ацы нуазæн авæр мæрдджын мыггаджы хистæрмæ, зæгъгæ. Уый Алыксандрмæ дзуры: раст нæ дæ, нæ хистæр, адон фыдохы нуазæнтæ рахастой мæрдджын мыггаг, æмæ уый æмбæлы дæумæ, мæнмæ йæ ма дæтт. Хистæр та йæм дзуры, райс мæ агуывзæ, махмæ афтæ вæййы, зæгъгæ, æмæ адæмæн арфæ ракæ. Цы гæнæн ма уыдис, æмæ мæрдджын мыггаджы хистæр, цы æмбæлы, ахæм арфæйы ныхæстæ загъта æрцæуæг бадты адæмæн æмæ йæ нуазæн банызта. Уæд та йæм Алыксандр дæтты дыккаг нуазæн. «Ацы нуазæн та ма цы у?» — фæрсы. «Мæрдджын мыггаджы хистæр дæ æмæ æрцæуæг адæмæн арфæ ракæн». — «Æмæ ма цы ныхæстæ зæгъон, ныр ма мæ арфæйы ныхæстæ ацы минут куы загътон?» Махмæ афтæ вæййы, арфæ ракæн адæмæн. Алыксандр йæхæдæг иу ныхас дæр не скодта. Æз дæр лæууын мæ фыдохы нуазæнимæ, мæнмæ æмæ, нуазæнтæ чи æрбахаста, уыдонмæ дæр ныхасы бар нæ хауы. Фынджы бадты адæм Алыксандрмæ дæлейæ уæлæмæ дзурынц: «Фыдохы нуазæнтæ чи арбахаста, уыдон нæ разы цырагъы хуызæн лæууынц æмæ сæ хъуыдыгæнæг нæй». Хистæр мæм дзуры, цæмæй æз рæгъ ауадзон дæлæмæ æмæ йæ се ‘ппæт дæр баназæнт арфæйы нуазæнтæ. Æз ын афтæ зæгъын: «Нæ буц хистæр, мах куывды нæ бадæм, фæлæ марды фынгæвæрдыл, æмæ уыцы рæгъ кæнын не ‘мбæлы». Бадты адæм мæ бамбæрстой, æмæ уыцы рæгъ дæлæмæ нал ацыд.
Хистæры æртыккаг рæдыд. Кæрты цатыры дыууæсæдæ бынатæй иу дæр уæгъд нæ уыд, уыдис дзы бирæ адæм. Хистæр бадты адæмы сыстын кодта æмæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдонæн рухс загъта æмæ йæ нозты агуывзæйæ стъолмæ æртæхтæ æркалдта. Æз мæхи нал баурæдтон æмæ йын афтæ зæгъын: «Хæсты быдыры чи фесæфт, уыдон хауынц зæронд мæрдтæм, уыдоны рæгъмæ, стæй агуывзæйæ нозт æркалын не ‘мбæлы, рухсаг уæнт зæгъын дæр не ‘мбæлы, æрмæстдæр сын сæ ном ссарын хъæуы, цæмæй сæ ма рох кæнæм. Мæгуыр хæдзар йæ мардæн цы цæхх æмæ къæбæр æрцæттæ кодта, уый, æнæхъæн зæххы къорийы чи фæмард хæсты быдыры, уыдонæн цæмæн хæлар кæныс?» Кæй уæрдоны бадыс, уый зарæг кæн. Ома цы зианы фынгыл бадыс, уыцы хæдзары æмæ мыггаджы кой кæн. Стæй, чи амард æмæ кæй хæрнæджы фынгыл бадæм, уымæн. Йæ рухсаджы рæгъыл йæхи хисты æрмæстдæр иу хатт, йæ ныгæнæн бон, цæуылнæ стæм? Уый нæ иумæйаг æгъдæутты фыст куы ис, уæд æй цæуылнæ æххæст кæнæм? Æнæмæлгæ дуне нæй. Алкæйы дæр мæлын хъæуы, æмæ Хуыцау зæгъæд, алчидæр уæ сæдæ азæй фылдæр куыд фæцæра.
Фыдыбæстæйы хæсты чи фæмард, уыдонæн æвдай азæй фылдæр сыстæм, алы хæдзæртты æмæ мыггæгты цы зиантæ æрцыд, уыцы марды фынгтыл, афæдзæй афæдзмæ. Алцæмæн дæр кæрон ис. Нымд кæнын хъæуы ирон адæмыл, нæхиуыл, ома, æгæр цæхджын дойны кæны, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ адæмы фæнды, цæмæй уыцы рæгъ мауал кæнæм æмæ фынгтыл алы хатт адæмы мауал стын кæнæм. Уæхæдæг-ма ахъуыды кæнут, цæмæн айрох кодтам уыцы бæллæхтæ — зæгъæм, Дыгуры
сывæллæтты фесæфт, Беслæныхъæуы сы-вæллæтты æд ахуыргæнджытæ, сæдæгай адæймæгты фесæфт, Хъолайы цъитийы ракалд æмæ адæмы адзал, удæгасæй ныгæд чи æрцыд, цал хатты æрцыд рæмыгъдтытæ базарты æмæ æндæр рæтты, цас адæм фесæфт хъулгъайы æмæ Гуырдзыстоны хæсты æмæ æндæр бирæ фыдбылызты. Уыдоны рохгæнæн нæй, æмæ иууылдæр хауынц зæронд мæрдтæм. Уыдоны кой кæнæн ис комы кæнæ хъæугуывды, стыр фынджы бадты. Зæронд мæрдты тыххæй рæгъ куы вæййы, уæд зæгъын æмбæлы æрмæстдæр хæдзары бинонты кæнæ мыггаджы тыххæй, ома, ацы фынгæй æнхъæлмæ чи кæсы хионтæй, уыдоны ном.
Æз мæ фыстæджы дзурын, ирон æгъдау хорз чи зоны æмæ æххæст кæны, уыдонмæ.
Нæ фыдæлтæ махæн ныууагътой хорз
æгъдæуттæ, æмæ мах фæлтæр уыцы æгъдæуттæ нæхæдæг раст куы нæ кæ-нæм, уæд нæ кæстæрты цæуыл æмæ куыд
сахуыр кæндзыстæм? Æз цы æгъдау æрæййæфтон, уый кæнын. Фæлæ алчи-дæр йæхи æгъдау куы кæна, уæд нæм иу æгъдау та кæд уыдзæн? Стыр адæмы хай куы нæ стæм, уæд хивæндзинад цæмæн æвдисæм?
Алыксандр зианы (цыппор боны) фынгыл бæркады рæгъы фæстæ рауагъта рæгъ рухсаджы тыххæй. Æцæгдæр иуæй-иу рæтты ахæм рæгъ уадзынц, æмæ уый раст нæу æмæ йæ мауал кæнæм. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой æмæ кодтой: цыфæнды бадты дæр — зианы, рухсаджы, кæнæ зианы, марды аргъуыддзинады фæстæ, цалынмæ æндæр сидт рацæуа, уæдмæ бæркады сидт кæнæ рæгъ уадзын не ‘мбæлы, æмæ йæ ма кæнæм. Бæркады рæгъы фыццаджыдæр фæзæгъынц, мард рухсаг уæд, зæгъгæ, æмæ уый у кæронбæттæн. Бæркады рæгъы фæстæ рухсаджы рæгъ мауал уадзæм æмæ кæнæм, уый раст нæу æмæ адæмы зæрдæмæ нæ цæуы.
Мæ зынаргъ æмзæххон адæм! Мæ фыстæджы ма мæ фæнды зæгъын, æппæт ирон адæм раст цы æгъдау нæ кæнынц, уый тыххæй. Зæгъæм, зианы фынгыл иутæ æвæрынц дыууæ кæрдзыны, иннæтæ та æртæ. Цæмæн æмæ куыд растдæр у? Хорз-
дзинады (хъæлдзæгдзинады) æвæрæм æр-
тæ чъирийы. Уый амоны хур, зæхх æмæ дон. Адæймаг куы амæлы, уæд йæ хуры хай нал вæййы, баззайынц ма зæхх æмæ дон. Уымæ гæсгæ марды æгъдæутты æвæрæм дыууæ кæрдзыны. Æмæ, дам, нæ фыдæлтæ куы æвæрдтой æртæ кæр-дзыны? Уый уыдис афтæ: мард-иу куы æрцыд, уæд мæрдджын хæдзары йæ ныгæнæн бонмæ арт нæ кодтой. Хъарæджы дæр афтæ баззад, м’ арт бауазал, зæгъгæ. Йæ ныгæнæн бон марды хыссæйы сæрæй истой æртæ кæрдзыны фаг. Уыцы æртæ кæрдзыны хастой марды хæдзармæ. Уым-
иу мыггагæй иу лæг сыхагимæ Хуыцауыл бинонты бафæдзæхстой. Бадгæ, хæргæ æмæ нуазгæ нæ кодтой, фæлæ-иу кæртмæ мæрддзыгоймæ рацыдысты. Уыцы æгъдау кодтой æрмæстдæр иу хатт, марды ны-гæнæн бон. Ныр уыцы æртæ кæрдзыны рахастой фынгмæ æмæ сæ æвæрынц марды фынгыл афæдзæй афæдзмæ. Уый раст нæу æмæ йæ мауал кæнæм.
Фæфæрсынц, уæдæ дыууæ кæрдзынæй Хуыцауы ном куыд арыс, зæгъгæ. Хистæр дыууæ кæрдзынæй Хуыцауы ном ссары æмæ фæзæгъы: «Æппæт иунæг Стыр
Хуыцау, хъуыддæгтæ иууылдæр дæуæй аразгæ сты, æмæ дæ курæм: ацы марды кæндтæй фæстæмæ ацы хæдзары æртыгай чъиритæ куыд кувæм, ахæм арфæ нын ракæ».
Æмæ, дам, афтæ не ‘мбæлы. Уæдæ Хуыцауы ном хъазинаг нæу. Æппæт дæр
Стыр Хуыцауæй аразгæ сты, æмæ хæлар-гæнгæйæ дæр, хæрнæджы æмæ афæдзæй афæдзмæ марды кæндтæ кæнгæйæ арæм Хуыцауы ном, æмæ уый у раст.
Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй ацы æгъдæуттæ адæм сæхæдæг сæвæрдтой æмбырдты, фидаргонд та æрцыдысты æппæт ирон адæмон съезды.
Зынаргь газеткæсджытæ, æз хорз ирон
æгъдæуттыл хæст дæн, фæнды мæ, цæмæй
нæм уа иу æгъдау, цæмæй нæ кæстæрты æвæрæм раст фæндагыл, ахуыр сæ кæнæм нæ хорз æгъдæуттыл.
Уæд нæ фесæфдзæн нæ фыдæлты кад æмæ намыс. Фæнды мæ, цæмæй сымах дæр зæгъат уæ фæндон. Нæ цард нæхицæй аразгæ у.
МЫРЗАГАНТЫ Махар
|