Мадæлон æвзаг ын мады ад кæны, ирон дзырдæн лæггадгæнæг у, фыдæлты традицитыл æнувыд, æфсарм æмæ æгъдау йæ алы уæнджы дæр æхсидынц, æмгæрттæн уарзон адæймаг, куысты мидæг бæрнон, æмæ цас рæсугъд ныхæстæ зæгъæн ис Касаты Аслæнбегæй. Æрыгон уæвгæйæ йын ныридæгæн аргъ кæнынц, чи йæ зоны, кæм цæры, уыдон, кæм кусы, уыцы сыхбæсты æмæ куыстуаты адæм.
Аслæнбег райгуырд 1988 азы Елхоты. Чысыл ма уыдис, афтæ цардæй ахицæн йæ фыд Валентин. Бинонты уæз æрæнцад уæд æрыгон сылгоймаг 27-аздзыд Баситы Индирæйыл. Идæдз ус йæ сывæллæттимæ рацыд йæ цæгатмæ, Цъæйы коммæ. Скъоламæ бацæуыны агъоммæ Аслæнбег хъомыл кодта хæхбæсты. 1997 азы бацыд Дзæуджыхъæуы Дзанайты Иваны номыл 1-æм астæуккаг скъоламæ æмæ йæ каст фæци 2007 азы. Дарддæр ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæци 2012 азы. Цыппæрæм курсы ма куы уыд, уæд кусын райдыдта Цæгат Ирыстоны педагогон институты хицæн скъола «Диалог»-ы. Ардыгæй йæм фæсидтысты æфсады рæнхъытæм. Афæдзы фæстæ æрыздæхт æмæ та куыста ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Мадæлон æвзаг рæзгæ фæлтæры ’хсæн бæрзонд æмвæзадыл æвæрын зыдта æрыгон ахуыргæнæг æмæ йын æнтысгæ дæр кодта уыцы хъуыддаг.
Ахæм зæрдиаг æмæ бæстон архайд та æнæбафиппайгæ нæ вæййы æхсæнадæн. 2006 азы Касаты Аслæнбег хорзæхджынгонд æрцыд Михаил Ломоносовы номыл æвзист майданæй. 2013 азы ссис Абайты Васойы номыл паддзахадон премийы лауреат. 2014 азы та Аслæнбег ссис уæлахиздзау æрыгон ахуыргæнджыты ’хсæн ирон æвзаг æмæ литературæйæ.
Касайы-фырт куыста радио «Алания» FM-ы уылæны дæр. Сыгъдæг æмæ аив ирон дзырды зæлтæй æрвылбон адæммæ хаста фарны ныхас, хъæлдзæгдзинад.
Аслæнбеджы курдиатæн уæрæх гæнæнтæ уыдис æмæ сæ йæ зæрдæйы арфы бамбæхсын нæ бафæрæзта. Авдаздзыдæй райдыдта æмдзæвгæтæ дæр фыссын. Йæ фыццаг æмдзæвгæ «Цъæйы ком»-ы æвзонг лæппу равдыста Цъæйы алæмæты рæсугъддзинад, фыдæлты æгъдæуттæ.
Абон Касаты Аслæнбег кусы газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæгæй, фæлæ йæ фыссæн сис дæр рохуаты нæ баззад. Фæлвары фыссыныл. Уыимæ, йæ уацмысты æвдисы, цард йæхи цæстытæй куыд уыны, афтæмæй. Йæ зæрдыл бадардта, чысылæй Цъæйы комы хистæртæй кæй фехъуыста, уыцы æмбисонды хабæрттæ æмæ таурæгътæ. Бакуыста сыл æмæ сæ мыхуыры онг бацæттæ кодта. Кæд хæрзхуымæтæг сты, уæддæр сæ мидис, сæ апп бирæ цæуылдæртыл дзурынц, зонд райсæн кæцæй ис, æвзæр æмæ хорз цæмæй хицæн кæнынц, ахæм миниуджытыл. Фыссы «дзаджджын» ирон æвзагæй. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ йын уыцы «дзырдуат»-ы ныхæстæй йæ уд, йæ зæрдæ схъæздыг кодтой хæхбæсты хистæртæ. Йæ уацмысты хъайтартæ сты адæм, цæрæгойтæ, æрдз, уæларвон тыхтæ зæдтæ æмæ дауджытæ.
Чысыл радзырдтæ — «Мæрдтæйдзæуæг», «Зондджын хæрæг», «Зыдгæнæджы хал», «Рагон мысты ’мбисонд», «Райсом де ’вæрæн бон», «Расыг хъазтæ», «Хæрæджы къæлæу», «Тутыр æмæ Хуычъылайы таурæгъ», «Уанехбайы хох», «Рекомы фыдæх», «Рекомы бæласы тæригъæд», «Рекомы зæд», «Еццетæ бирæгъ куыд бастыгътой» æмæ иннæтæ сты цымыдисаг мидисджын уацмыстæ, æнцон-кæсæн.
«Мæрдтæйдзæуæг»-ы автор равдыста, карз нозтмæ æмхиц адæймæгты расыджы уавæр цы æгады бынатмæ æркæны, уый, æмæ уæддæр фылдæр хатт бирæтæн уыцы худинаг æгъгъæд нæ вæййы æмæ та дарддæр сæ кæнон нæ фæуадзынц. Расыгæй чи ахауы, уымæй мардæй ницы уæлдай вæййы, æмæ нæ адæмы ’хсæн ныхас «мардæй та хуыссы», зæгъгæ, дæр хуымæтæджы нæ баззад. «Рагæй-æрæгмæ дæр нæм магусатæм æппæрццæг цæстæнгас уыд. Кæцы ныййарæ-джы фæнды, æмæ йæ хъæбул «урскъух, урскъах уа». Хæдзары змæлдмæ йæ хъус чи нæ дары, куыстмæ зивæг чи кæны, ахæмтæ æхсæнадон царды дæр ницы пайда сты. Æмæ ахæмæй фæзæгъынц, «йæ зивæджы йæ мæлæт», зæгъгæ.
Радзырд «Зондджын хæрæг»-ы дæр ацы æмбисонды æууæлтæй иу æвдыст цæуы. Мысырбийы хæдзары æртæ фыртæн тыхгæнæг тых нæ ардта, сæ кой скæнын дæр сын ничи уæндыд, фæлæ магусатæ, куыст сæ цæстысындз кæмæн уыд, ахæм гуырдтæ. Мысырбийæн йæ куыстыты æххуыс кодта йæ хæрæг — Серго. Иуахæмы хæрæг фесæфт, фæлæ фæззыгон афон фæзынд йе ’ккой хъæздыг уаргъимæ. Ам фыд йæ фырттæн уайдзæф кæны, фос дæр ма æмбары хæдзары ахсджиаг фарстатæ, уæддæр йæ фырттæм ницы бахъардта.
«Зыдгæнæджы хал». Радзырды ныхас цæуы цуаноны хъысмæтыл. Уæларвон тыхтæ йæ цалдæр хатты бафæдзæхстой, дзæбидырдзуан куыд нæуал ацæуа, фæлæ уый уыцы фæдзæхстытæ ницæмæ æрдардта æмæ дзы йæ мæлæт ссардта.
Цымыдисаг, фæлæ æмбисонды хабар у «Рагон мысты ’мбисонд». Мысты хуынчъы былгæрон къæппæг æвæрд æрцыд, æмæ йын нал уыд йæ сæр сдарыны гæнæн. Лæгъстæ кæнын райдыдта хъугæн, фысæн, каркæн, иуварс аппарут къæппæг, зæгъгæ, фæлæ йæм коммæ нæ бакастысты æгомыг фос. Уæд иуахæмы къутумæ маргджын калм бахылд. Хæдзары æфсин уыцы ныв куы федта, уæд бел раскъæфта æмæ дзы калмы æрцæва, зæгъгæ, афтæ йыл калм фæхæцыд. Усы сдзæбæх кæныныл архайдтой, карчы бас æвдадз у, зæгъгæ, загътой, æмæ карк æргæвст æрцыд, фæлæ ницы сæрæндæр кодта. Рынчынфæрсæг сæм бирæ адæм цыдис, æмæ хæдзары хицау уазджытæн исты æрæвæрыны охыл фыс дæр аргæвста. Уæддæр ус ахицæн æмæ йын хистæн та хъуг æргæвст æрцыд. Ацы хабæрттæм мыст дардæй каст æмæ хъуыдыты аныгъуылд. Иуафон йæ сæрыл схæцыд æмæ загъта: «Цард мæнгард у, æмæ мысты зондмæ дæр хатгай байхъусын фæхъæуы».
Адæймаг æмæ æрдз æмбаст сты. Кæрæдзийæ сын фæхицæнгæнæн нæй. Алчидæр нæ сабийæ уарзта цæрæгойтимæ хæлар уæвын. Æмæ ацы миниуджытæй адæймаг æххæст нывыл нæ уаид, сабийæ æрдзмæ, цæрæгойтæм цымыдисдзинад йæ зæрдæйы
куы нæ æвзæрдаид, уæд. Нæ цыппæркъахыг хæлæрттæ нын нæ хъуыдытæ, зæрдæйы ахаст сыгъдæгдæр кæнынц, нæ зондахастыл хуыздæрæрдæм ахадынц.
Радзырд «Хæрæджы къæлæу»-ы Касаты Аслæнбег радзырдта, йæхæдæг чысылæй æнувыд кæуыл уыдис, хъазынæй кæимæ не ’фсæст, уыцы къæлæу Хъилхъус æмæ сæ куыдз Силæмы хæлардзинады тыххæй. Абон дæр йæ цыппæркъахыг хæлæрттæ йæ зæрдыл куы æрлæууынц, уæд йæ цæстытæ доны разилынц.
Незаманты-иу зæдтæ æмæ дауджытимæ цы адæймаг стох кодта, уый-иу фыдæх баййæфта. Æмæ уый фæдыл сты Аслæнбеджы таурæгътæ. Кувæндоны фæдзæхсæггæгтæм чи ныхылдтаид, уый-иу дзуар ралгъыста. Ахæм хабæрттæ фыдæлтæ бирæ дзырдтой æмæ сæ сæ фæстагæттæн дзыхæйдзургæ сфæлдыстады хæццæ кодтой фæлтæрæй-фæлтæрмæ. «Рекомы фыдæх», «Рекомы бæласы тæригъæд» сты фыст ацы темæйы фæдыл. Æрыгон поэт æмæ фыссæджы хъуыдытæ æххæссынц царды æппæт фæзилæнтыл дæр. Æмæ кæуылты сты йæ сагъæстæ та.
Беслæны 2004 азы цы стыр бæллæх æр-цыд, уыцы æвирхъау цау ын йæ зæрдæйы сæвзæрын кодта тугæрхæмы суадон æмдзæв-гæты хуызы, æмæ афæд кодта æддæмæ, хъарæджы ныхæстæ зæрдæ агайынц, мингай судзинтæй йæ рæхойынц. Кæм ссара ныййа-рæг уыцы зæрдæнизæн хос? Æрмæстдæр рæстæг у хъæдгæмттæ дзæбæхгæнæг, фæлæ уый дæр нæ тых кæны рыст мадыл. Уæдæ цæй диссаджы уарзтæй уарзы поэт йæ мадæлон æвзаг дæр. Уымæн зæгъы йе ’мдзæвгæ «Ирон æвзаг»-ы дæр ахæм зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ:
Ирон æвзаг — мæ зынджы хай, мæ арт,
Кæнын дæуæн цæрæнбонты æз кад.
Дæ кадæн æз мæ сæр нывонд кæнын,
Дæ номæй ард кæддæриддæр хæрын.
Мадæлон æвзагмæ йын æгæрон уарзты тых йæ риуы бауагътой скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Гусаты Еленæ, университеты та Иры номдзыд фырт Джыккайты Шамил. Фыдбоны уац Ирыстоныл куы айхъуыст, Шамил фыдгæнджыты къухæй йæ адзал ссардта, зæгъгæ, уæд æрыгон поэтæн уыцы маст кæуылты уыдис. Йæ риуы нал цыд, æмæ ныффыста:
Нæ цард мылазон у, æрхуым,
Рæстдзинад хицауы цæст къахы.
Зæгъ-ма, Шамил, дæ тох цы уыд,
Цæуыл фæхæцыдтæ куырмæджы?
Дæ дзырдæн аргъгæнæг нæ уыд,
Æргом дæм худтысты сæлхæртæ.
Дзырдтой: «Шамил, ды дæ нæ зæд».
Æмæ дæ акодтой дæлмæрдтæ.
Касайы-фырты æмдзæвгæтыл се ’ппæтыл æрдзурынæн иу газеты фарс æгъгъæд нæу, æрыгон лæппу йæ цыргъ сисы фæрцы хурмæ калы ног царды æнæраст миты хъуыддæгтæ, фæлитой, хин æмæ кæлæндзинад — царды æппæты тæссагдæр миниуджытæ кæй сты æмæ хорзмæ кæй нæ кæнынц, уый рох макæмæй уæд. Фыдгæнæг Хуыцауы тæрхон ссары уæддæр. Фæлæ ис йе ’мдзæвгæты, адæймаджы фæзминаг миниуджытæ æвдыст кæм цæуынц, ахæм рæнхъытæ дæр. Уыдон сты уарзондзинады, хæлардзинады æмæ рæсугъд фидæныл æмдзæвгæтæ.
Аслæнбег кæны тæлмацы куыст дæр. Дагестайнаг поэт Мариян Шейховайы æмдзæвгæ «Къух исын» уырыссаг æвзагæй ратæлмац кодта, афтæ хорз сарæхст, æмæ раст цыма йæхи æмдзæвгæ у. Уацмысы мидис у, абон цы бирæ фыдракæндтæ цæуы, уыдоны фæстиуджытæ Шейховайы уд калмау хæрынц. Аслæнбег тæлмацы уыцы катайы зæгъы:
Пырхæнтæ-дуне, сайынц дзы дзырдтæ,
Цæв мæ! Æз дæн, æз ‘гас дæн!
Ды та æнæфсис, домыс бартæ,
Сæ хæс у сайд, æлгъыст дæ Дуне!
Иннæ ахæм та Аслæнбег ирон æвзагмæ ратæлмац кодта уырыссаг æвзагыл фыссæг æрыгон ирон поэт Дудайты Чермены сфæлдыстады иуæй-иу æмдзæвгæтæ: «Осетинам» («Ирæттæм»), «Если сердце мое…» («Мæ зæрдæ кæд искуы…») æмæ æндæртæ.
Касаты Аслæнбегæн рæсугъд фидæн ис. Наукæ æмæ сфæлдыстады бæрзæндтæм кæй схиздзæн, ирон лæджы ном та сæрыстырæй, фæрнæй кæй хæсдзæн, литературæйы йæ бынат кæй ссардзæн, уый дызæрдыггаг нæу.
САУТÆТЫ Тамилæ
"Пульс Осетии"
|