Среда, 25.06.2025, 10:16
Главная Регистрация RSS
Приветствую Вас, Гость
Меню сайта
Наш опрос
Как Вы считаете, Северная Осетия опережает по благополучию населения и своего развития соседние р
Всего ответов: 338
Статистика

Онлайн всего: 3
Гостей: 3
Пользователей: 0
Главная » 2015 » Июль » 21 » Æхца
09:42
Æхца

Йæ заманы мæ мад, Хъамболон (рухсаг уæд) афтæ загъта æхцайы фæдыл: «Уæззау тулдз дуæрттæ гом кæны, туджджынты фидауын кæны, фæлæ æнцонæй дыууæ æфсымæры дæр сызнаг кæнын йæ бон у! Æмæ хъусыс, лæппу, дæ уд дзы хъахъхъæн». 
Мæгуыр йæ бон, нырмæ фæцарди, зæгъгæ, уæд-та цы загътаид! Абон уыцы нывæфтыд гæххæттæн цы бартæ райгом, уый куы федтаид, куыд рогæй лыг кæнынц æнæфенгæ уæззау фарстатæ, куыд æнцонæй сæттынц уæйыджы хуызæн лæгты ныфс æмæ зæды хуызæн сылгоймæгты ‘фсарм, уæд цымæ цы загътаид?!
Æвзæр, дам, дæнцæгтæ иæхицæй фæхæссы, æмæ фæсивæдимæ мын хаттæй-хатт царды хæзнаты фæдыл ныхас куы рауайы, уæд арæх æрымысын иу цау, мæхи уд кæй баййæфта цалдæр азы размæ, ахæм. Уыди афтæ. Æнæнхъæлæджы мæ бахъуыди Ирыхъæуæй БАМмæ нызгъорын мæ хистæр æфсымæрмæ. Мæхи машинæ рæвдз нæ уыди, æмæ мæ сыхагмæ фæдзырдтон æххуысмæ, кæд æмæ мæнæй бирæ хистæр уыд, уæддæр. Абадтыстæм, уæдæ цы уыдаид, æмæ фезгъорæм. «Викалинæ»-мæ фæхæццæ кæнæм, зæгъгæ, уæд нæ ГАИйы кусджытæ куы фæуромиккой. Мæ сыхаг рахызти машинæйæ æмæ йæ гæххæттæ сæм æвдисы. Уыдон æм фæсидтысты сæхи машинæмæ, æмæ уыйадыл лæг фæдæлдзæх! Фæбадтæн, фенхъæлмæ кастæн сахатæй фылдæр, уалынджы ме ‘мбал фæзынд, æнæсдзургæйæ мæстæлгъæдæй абадти машинёйы, æмæ фæцагайдтам дарддæр. Цас æй фæкъахтон-фæфарстон, нæ мын радта дзуапп, цалынмæ фæстæмæ нæ сыздæхтыстæм. 
Хæдзармæ куы схæццæ стæм, уæд машинæйæ рахызт, нытту кодта мæстджынæй æмæ мын радзырдта йæ абоны цау: «Знон мæ Т…ты Зауыр йæ минæвæрттимæ хистæрæн сбадын кодта æмæ дзы æртæ арахъхъы банызтон нымадæй. Æрдæбон мын уыцы нозт равдыста, æмæ мын хуыздæр гæнæн нал уыд, гæртам раттынæй йеддæмæ. Райсом мæ мæ гыццылы дохтырмæ ласын хъæуы Беслæнмæ. Фæлæгъстæ сын кодтон бæргæ, райсом уын уе ‘хца ‘рбаласдзынæн, ныртæккæ мæ дзыппы уыйбæрц нæй, зæгъгæ. Фæлæ кæм? Нæ мæ ныууагътой, хæдзармæ мæ сластой, æмæ сын уырдыгæй рахастон».
Уыцы цау баззадаид рохуаты, уымæн æмæ уыцы æнаккаг худинаггæнджытæ иу æмæ дыууæ не сты. Фæлæ дарддæр цы ‘рцыди, уый мæ бынтон «амардта». 
…Къуырийы фæстæ уыди нæ дзуары бон. Ирыхъæуы адæм кафынц, зарынц цъæх фæзыл, уалынджы дын куы ауынин мæ сыхаджы æфхæрджытæй сæ иуы. Йе ‘рбацыд мæ джихы куыд нæ бафтыдта, ацы ‘лгъыст, Хуыцау кæмæн нæй, ам цы кусы, зæгъгæ. Уыцы рæстæг мæ койаг æд кувинæгтæ йæ ных сарæзта кувæндоны ‘рдæм. Æз йæ фæдыл. Бацыди дзуарылæджы размæ, райхæлдта йæ кувинæгты хæцъил, стæй урс-урсид бæмбæг, кæцыйæ ракалдысты мысайнæгтæ!!! 
…Дарддæр ма йæ дзурон?

ЦОМАЙТЫ Тамерлан

Категория: Общество | Просмотров: 545 | Добавил: Admin | Рейтинг: 5.0/1
Всего комментариев: 0
idth="100%" cellspacing="1" cellpadding="2" class="commTable">
Имя *: Email *:
Код *: