Меню сайта
Категории раздела
Культура [215] |
Спорт [180] |
Политика [1032] |
Происшествия [23] |
Преступность [150] |
Разное [202] |
Образование [84] |
Общество [1144] |
Экономика [367] |
Наш опрос
Статистика
Онлайн всего: 3
Гостей: 3
Пользователей: 0
Поиск
Архив записей
- 000 Декабрь
- 2012 Февраль
- 2012 Март
- 2012 Апрель
- 2012 Май
- 2012 Июнь
- 2012 Июль
- 2012 Август
- 2012 Сентябрь
- 2012 Октябрь
- 2012 Ноябрь
- 2012 Декабрь
- 2013 Январь
- 2013 Февраль
- 2013 Март
- 2013 Апрель
- 2013 Май
- 2013 Июнь
- 2013 Июль
- 2013 Август
- 2013 Сентябрь
- 2013 Октябрь
- 2013 Ноябрь
- 2013 Декабрь
- 2014 Январь
- 2014 Февраль
- 2014 Март
- 2014 Апрель
- 2014 Май
- 2014 Июнь
- 2014 Июль
- 2014 Август
- 2014 Сентябрь
- 2014 Октябрь
- 2014 Ноябрь
- 2014 Декабрь
- 2015 Январь
- 2015 Февраль
- 2015 Март
- 2015 Апрель
- 2015 Май
- 2015 Июнь
- 2015 Июль
- 2015 Август
- 2015 Сентябрь
- 2015 Октябрь
- 2015 Ноябрь
- 2015 Декабрь
- 2016 Январь
- 2016 Февраль
- 2016 Март
- 2016 Апрель
Друзья сайта
Главная » 2015 Апрель 7 » Красногойраг лæппуйы сгуыхтдзинад
09:15 Красногойраг лæппуйы сгуыхтдзинад | |
![]() Алчидæр сæ царды йæ бынат ссардта, уыдысты алцæмæ дæр арæхстджын, æнæ-зивæг æмæ адæмæн уарзон. Ссæдзæм æнусы райдианы æнæнхъæлæджы Исламы бахъуыдис дыккаг бинойнаг æрхæссын. Уый та уыдис Зæн-джиаты чызг. Хъыгагæн, йæ ном ын ничиуал хъуыды кæ-ны, æдзухдæр æм адæм Зæнджионæй дзырдтой. Ислам æмæ Зæнджионæн дæр рацыдис цот: Габре, Лади, Оля æмæ Георги — 1916 азы гуырд. Советон хицаудзинад Цæгат Ирыстоны куы æрфидар ис, уæд 1922 азы Уæлладжыры комы хохы хъæутæй бирæтæ рацыдысты цæрынмæ Красногоры хъæумæ. Уæвгæ, уыцы рæстæг уым хъæу дæр нæма уыдис. Хохæгтæ æрцардысты хъазахъхъаг станицæ Николаевскы хурыскæсæнæрдыгæй хъазахъхъæгты зæххытыл, Урсдоны цæугæдоны рахизфарс. Хохæй æрцæуджыты фыццаг æмбырды ныхас цыдис, куыд хъуамæ схоной сæ ног цæрæн бынат. Адæм хас-той алыхуызон фæндæттæ. Иу рæстæджы йæ бынатæй сыстадис фæскомцæдисонты раздзог Хуыдæлты Быдзыго æмæ загъта: «Мах иууылдæр Уæлладжыры комæй, хохаг хъæутæй рацæугæ адæм стæм. Тох кодтам æмæ уыдыстæм Советон хицаудзинады фарс сырх тырысаимæ, æмæ нæ хъæуы ном Красногор схонæм». Уыцы ном фылдæр адæмы зæрдæмæ фæцыдис. Афтæ равзæрдис æмæ ныффидар ног советон хъæуы ном — Красногор. Ардæм рацыдысты Къорайы хъæуæй Ислам æмæ йæ бинонтæ дæр. Хъæуæн бынат цы ран æвзæрст æрцыдис, уый йæ уавæртæм гæсгæ хорз нæ рауадис. Уым цыдис Урсдоны раздæры донвæд, йæ зæхх дæр фылдæр рæтты — хуырджын, дурджын. Бирæ дзы уыдис суадæттæ, цъымаратæ, цъыфдзæстытæ… тæфсæджы къогъотæ. Уымæ гæсгæ ног æрлидзджытæй бирæтæ тæфсæгæй рынчынтæ кодтой. Уырдыгæй фæстæмæ хæхбæстæм кæнæ æндæр хъæутæм дæр чысыл нæ алыгъд. Исламы хистæр фырт Габре дæр тæфсæгæй фæрынчын æмæ уым нал ныллæууыд, ацыд фæстæмæ хохмæ, æрцардис Мызуры поселочы. Красногоры цæргæйæ, Хъуппеты Лади уыдис, фыццагдæр хъæуы фæскомцæдисон организацийы цы 20 уæнджы уыдис, уыдоны номхыгъды. Райдиан скъола хъæуы арæзт æрцыд 1925 азы. Георги уыдис йæ фыццаг ахуырдзаутæй иу. Фæстæдæр та дзы байгом кодтой æнæххæст астæуккаг скъола, æмæ йæ Георги æнтыстджынæй каст фæцис. Цалдæр азы уыдис скъолайы фæскомцæдисон организацийы секретарь, стæй ногдзауты къорды разамонæг дæр. Георги рагæй дæр бæллыдис тæхæг суæвынмæ, æмæ йæ хорз хæлар æмæ сыхаг Реуазты Санахъоимæ бацыдысты Краснодары æфсæддон тæхджыты училищемæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæст Георгийы æрæййæфта Мæскуыйы бынмæ, 53-æм авиацион полчъы службæ кæнгæйæ. Хъахъхъæдта Мæскуыйы горæт немыцæгты ныббырстытæй. Немыцаг фашистты æрдонгтæ æрбаввахс сты Тулæмæ — хæцæнгæрзтæ кæм арæзтой, уыцы рагон æмæ номдзыд уырыссаг горæтмæ. Уæд, 1941 азы 9 ноябры, 53-æм дардмæтæхæг бомбæппарæг авиацион полчъы командир Степан Суворовы бардзырдмæ гæсгæ райсомæй раджы хæдтæхæг ратахтис хæстон хæслæвæрд æххæст кæнынмæ. Хæдтæхæджы экипажы уыдысты: тæхæг Поветкин Валентин, штурман Хъуппеты Георги, æхсæг-радист Теличко Павел æмæ дыккаг æхсæг Анисимов Иван. Сæ хæслæвæрд сæххæст кодтой. Бомбæтæ æрæппæрстой знаджы механизацигонд æфсæддон къордтыл æмæ танкты колоннæтыл. Фашисттæн ракодтой стыр зиантæ, фæлæ фæстæмæ, сæ базæмæ здæхгæйæ, немыцы зенитон сармадзаны нæмыг сæмбæлдис хæдтæхæгыл, нызмæлыд, акалд йæ фæздæг. Тæхæг Поветкин арæхстджынæй бæргæ архайдта сæ фæздæгкалгæ хæдтæхæджы æрбадын кæныныл, фæлæ кæм — цæст нæ ахста ногуард митæй æмбæрзт зæххыл ахæм бынат. Уалынмæ сæ хæдтæхæг, йæ фæстæ сау фæд уадзгæйæ, судзгæйæ балæгæрста чысыл хъæды къохы, йæ «гуыбыныл» æрхуысгæйæ, Щекины хъæумæ хæстæг. Ныууагътой сæ хæдтæхæг. Георги дæр ма акодта цалдæр къахдзæфы, фæлæ фæстæмæ æрхауд. Иæ къах уыдис уæззау цæф, фæцæф йæ къух дæр, йæ бон акъахдзæф кæнын нал уыд, уæддæр йæ фазыл рабырыд судзгæ хæдтæхæджы цурæй. Йе ‘мбæлттæн хъæддыхæй дзырдта, уæхи бахъахъхъæнут, зæгъгæ, мæнмæ æнхъæлмæ ма кæсут. Поветкин æмæ Теличко дæр цæфтæ уыдысты, фæлæ сæ къæхтыл лæууын сæ бон уыдис. Уыдоны бафæсвæд кодта уымы шахтæйы кусæг Яков Чумичев, бабаста сын сæ цæфтæ. Фæстæдæр сын самал кодта хуымæтæг уæлæдарæс æмæ сын феххуыс кодта фронты сæрты нæхионтæм ахизынмæ дæр. Иван Анисимов фæцис мæлæтдзаг цæф, уæлдæфы ма куы уыдыс-ты, уæд. Æрыгон лæппутæ цалдæрæй æрбазгъордтой Георгимæ баххуыс кæнынмæ, фæлæ сæ уый афарста: — Немыц ам хæстæг сты? О, ам сты, зæгъгæ, куы загътой, уæд сын уый афтæ: — Ацæут ардыгæй! Сымах дæр ма мæн тыххæй фесæфдзыстут, æз сын мæхæдæг дзуапп ратдзынæн. Уалынмæ фæзындысты немыцаг фашисттæ æмæ йæм дзурынц, цæмæй йæхи уацары радтаид. Уый сæм фæстæмæ хъæр кæны: «Советские летчики в плен не сдаются!» Афтæмæй йæм куы æрбахæстæг сты, уæд сæ дамбацайæ æхсын райдыдта. Фашисттæй ма цалдæры мæрдтæм барвыста, йæ фæстаг нæмыг йæхицæн ныууагъта. Цалдæр боны немыцæгтæ нæ уагътой тæхджыты мæрдтæ баныгæнын. Уæддæр уыцы хъæуы æрыгон лæппутæ Михаил Алехин, Федор Змеенкин, стæй шахтæйы кусæг Яков Чемичев (уыдон федтой Георгийы йæ царды фæстаг минутты, сæ цæстыты раз йæхи куыд фехс- та, уый дæр) сусæгæй æхсæвыгон адавтой тæхджыты мæрдтæ æмæ сæ баныгæдтой. Кæм ныгæд æрцыдысты, уым тулдз тала бæласы уыгардыл кърандасæй ныффыстой: «Здесь покоятся тела двух летчиков». Тулæйы облæстæй гитлеронтæ тард куы æрцыдысты, уæд Щекины хъæуы раз, тулдз хъæды къохы кæрон Хъуппеты Георгийы æмæ Иван Анисимовы ингæн бабæрæг кодтой 53-æм авиацион полчъы минæвæрттæ. 1942 азы 11 мартъийы коммунист, лейтенант Хъуппеты Исламы фырт Георгийы æмæ фæскомцæдисон, сырхæфсæддон Иван Василийы фырт Анисимовы мæрдтæ ногæй æфсæддон кадимæ ныгæд æрцыдысты Тулæйы горæты уæлмæрдты. Красногоры хъæуы фæсивæд, уыдонимæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Дзусты Сергей дæр, скодтой Георгийыл зарæг, æмæ-иу æй зарыдысты хъæуы лæппутæ. Уыцы зарæг зарыд Æрыдоны зарæггæнджыты къорд дæр йæ сæргъы Дзугаты Бартуимæ. Цалдæр æмæ ссæдз азы размæ, Георги цы авиацион полчъы хæцыдис знагимæ, уый раздæры разамонджытæ куырдтой æмæ домдтой, цæмæй Иры хъæбул Хъуппеты Исламы фырт Георгийæн йæ ном æнустæм цæра, уый тыххæй нæ сæйраг горæты уынгтæй иуæн лæвæрд æрцæуа йæ ном. Хъыгагæн, уыцы курдиатмæ йæ хъус ничи ‘рдардта, афтæмæй та йæ цы иуæндæс адæймаджы бафыстой, уыдонæй фондз уыдысты Советон Цæдисы Хъæбатыртæ. ХЪУППЕТЫ Батрадз | |
|
Всего комментариев: 0 | |