Понедельник, 23.06.2025, 05:57
Главная Регистрация RSS
Приветствую Вас, Гость
Меню сайта
Наш опрос
Вы удовлетворены своим уровнем доходов (заработная плата, прибыль от бизнеса, другое)?
Всего ответов: 232
Статистика

Онлайн всего: 1
Гостей: 1
Пользователей: 0
Главная » 2015 » Август » 24 » Куыд растдæр у?
22:05
Куыд растдæр у?

Газетты фæрстыл «Рæстдзинад»-ы дæр æмæ «Стыр Ныхас»-ы дæр мыхуыргонд цас цæуы, уæддæр абонмæ иу хъуыдымæ æрцæуын нæ бон нæу, зындзинады фынгыл цал уæливыхы æвæрын хъæуы. Æмæ бирæ хистæртæ зындзинады фынджы хистæрæн бадгæйæ фынг сæмхæццæ кæнынц, ноджы ма иуæй-иу хистæр æртыккаг хистæрæн дæр ныхасы бар дæттын байдыдта. Уый та у бынтон рæдыд. 
Æрæджы улæфыдтæн санатори «Осетия»-йы æмæ иу палатæйы бахаудтæн, 80 азы кæуыл цæуы, ахæм алагираг лæгимæ. Ныртæккæ цæры горæты. Кæм цæры, уым бахъуа-джы рæстæджы хистæрæн чи абады, ахæм. Æвæццæгæн сæм кæйдæртимæ быцæу ныхас рауайы, хæрнæджы фынгыл цал уæливыхы æвæрын хъæуы хистæры раз, уый тыххæй. Æмæ мæн дæр бафарста: «Дæумæ гæсгæ та куыд растдæр у?» Зæгъын, æз куыд æрæййæфтон æмæ куыд зо-
нын, уымæ гæсгæ дыууæ уæливыхы. Æмæ та мемæ дæр разы нæ уыд (номдарæй йæ нæ фыссын, йе ’рвадæлтæй мын ис хорз зонгæтæ). Мæн-мæ, дам, ис бæзджын чиныг «Ирон æгъдæуттæ», кæцыйы ис фыст, хæрнæджы фынгыл хистæры раз кæй æвæрæм æртæ уæливыхы. Зæгъын, йæ автор та чи у? Æмæ, дам, æй нæ хъуыды кæнын. Ацыди хæдзармæ æмæ йæ схаста. Райдыдтон фæлдахын æмæ 
165-æм фарсыл фыст: «Хæр-нæджы фынджы ‘гъдау», кæ-
цыйы автор фыссы, хистæры цур — æртæ чъирийы, сæр, рахизæрдыгæй бæрзæй. Хис-
тæр Хуыцауы ном ссары, 
уæллаг уæливых сисы, дæл-дæр æй адæтты æмæ фæрæгъ кæны. Гъеныр 80 азы кæуыл цæуы æмæ ахæм чиныгæй пайда кæнынæй дарддæр чи ницы зоны, уымæн йæ дæлейы цы кæстæртæ бадынц, уыдон дзы хъуамæ хорзæй цы райсой? 
Æз исын газет «Рахизфарсы цард» («Жизнь Правобере-жья»). Æмæ раст фыссы Хæ-
мыцаты Раман уыцы газеты 
№ 71 2012 азы, не ’гъдæуттæ нывыл конд кæй нæ цæуынц, уым æнаххос не сты нæ фысджытæй иуæй-иутæ дæр, 
зæгъгæ. Кæд æмæ сæрма-гондæй рауагъта чиныг уыдоны фæдыл, уæд сæ хъуамæ нывыл ныффыстаид æнæ рæдыдæй. Алчидæр сæ йæхи-рдыгонау фыссы, æмæ уый куыд раст у? 
Джызæйлаг Торчынты Мухтар газет «Рæстдзинад»-ы фарсыл № 149 2012 азы фыссы: «Абон бирæтæ алыхуызон чингуытæ фыссынц, алыхуызон къæлиндартæ кæнынц, æмæ адæмы ныссуйтæ кодтой. Ам æз дарддæр зæгъдзынæн афтæ. Чиныг фысджытæ, стæй газетмæ фысджытёй бирæтæ фыссынц, æртæ уæливыхы кæй амонынц Хур, Дон æмæ Зæхх. Æз куыд æрæййæфтон æмæ-иу куыд фехъуыстон XIX æнусы кæроны гуырд куырыхон хистæртæй æртæ кæрдзыны нысан, уымæ гæс-
гæ у дызæрдыккаг ацы ныхас, 
бæлвырддæр та йæ зæгъдзы-нæн дарддæр. 
Уæрæсе алы мадзæлттæ кодта Хуыцауы ныхмæ, мæнæ 
адæймаджы равзæрды тых-хæй куыд фыстой, «человек произошел от обезьяны»! Хис-
тæр фæлтæр æй хъуыды кæндзысты, Хетæджы дзуары бон-иу милицæ райкомы 
уынаффæмæ гæсгæ Хетæджы дзуары бынмæ бацæуæнты æрлæууыдысты æмæ мидæ-мæ никæй уагътой, фæндæгтæ цалцæггæнæн къантормæ-иу 
æрбадзырдтой, фæндаг æрæх-
гæнут, зæгъгæ. Æз дæр уым куыстон, æмæ-иу стыр машинæ Бирæгъзæнджы хидыл цæх-гæрмæ авæрдтам. Æмæ-иу машинæтæ иууылдæр цыдысты Æрыдоныл. Адæмы хидæй 
фалдæр нæ уагътой, горæты ’рдыгæй дæр афтæ. Абон та Хетæджы дзуары бон æнæхъæн Ирыстонæн дæр вæййы бæрæгбон. 
Мæ фыдыфыд райгуырд 1863 азы, йæ цардæй ахицæн 1953 азы. Уыцы заманы цыфæнды фынг дæр æнæ уырдыглæууæг нæ уыд. Æмæ-иу мын хæрз æрыгонæй графин мæ къухы бакодтой. Цы гæнæн уыд? Æнæ хъусгæ нæ уыд. Æмæ куыд карджындæр кодтон, афтæ арæхдæр. Цасфæнды-иу куы бадтаиккой, уæддæр дын афтæ никуы загътаиккой: «Æрбад æмæ иугыццыл аулæф». Фæлладæй-иу графин къухæй æрцæйхауд, фæлæ цы гæнæн уыд. Дзырдтой мын: «Быхсын хъæуы. Кæсгæ æмæ хъусгæ кæн. Цы уыныс æмæ хъусыс, уыдон дæ царды мидæг бахъæудзысты. Мæ фыд-иу мын загъта: «Ирон фынг у скъола. Мæнæ скъолайы фыццаг къласæй дарддæр куыд ахуыр кæнут, ирон фынг дæр у афтæ. Уырдыг куы лæууай, уæд дæ хъуыддаг дæр кæн, фæлæ, фынгыл цы ныхас цæуы, уымæ дæр хъус, тынгдæр та хистæртæм. Æмæ хорзæй цы дзурынц, уыдон дæ зæрдыл дар». Æртæ уæливыхы нысанæн та мын мæ фарстайæн иуахæмы радта ахæм 
дзуапп (бадтысты цалдæрæй уæды куырыхон хистæртæ). Хуыцаумæ фæ-кувынц æртæ уæливыхæй, уæллаг — Хуыцауы номыл, дыккаг — Хурты-хурзæрины номыл (уый куыд дзырдта, æз дæр æй афтæ фыссын). Æртыккаг уæливых та у Зæххы номыл. Гъеныр хорз хабæрттæ хъусут æмæ бирæ фæцæрут зæронды бонмæ, фæлæ адæймаг куы амæлы, уæд та хистæры раз вæййы дыууæ уæливыхы.
Адæймаджы уд мæрдты дæр æмæ уæлæуыл дæр вæййы Хуыцауы бар. Æмæ уæллаг уæливых æвæрынц Хуыцауы номыл, дыккаг — Хурты-хурзæрины номыл æвæрд чи вæййы, уый амæлæгмæ ницыуал бар фæдары, хур æй нал фæтавы, æмæ уыцы уæливых фынгыл æвæргæ нал вæййы. Бинаг та вæййы Зæххы номыл, æмæ уый та ссис амæлæгæн йе ‘нусон бынат. Æмæ ма дзы баззадис дыууæ уæливыхы — Хуыцау æмæ Зæххы номыл. Æмæ уыцы дыууæ уæливыхы æвæрынц зындзинады фынгыл хис-тæры раз. 
Уæдæй фæстæмæ бирæ азты дæргъы ахæм ныхæстæ нæ искæмæй фехъуыстон, нæ газетты бакастæн, нæ æгъдæутты фыст чингуыты. Фæлæ 1980 азы хæхбæсты сæмбæлдтæн Цæгæратæм афæдзы хæрнæджы фынджы фарсмæ. Хæдзары хицау ахызтис йæ сæдæ азы сæрты. Æмæ йæ дардыл нæ фыссын, фæлæ фынджы ’гъдау ахицæн кодта, куыддæриддæр æй фехъуыстон мæ фыдыфыдæй, афтæ (уый тыххæй ма æрмæг мыхуыр-
гонд уыд газет «Стыр Ныхас»-ы фарсыл цалдæр азы размæ). Уыцы дыууæ æмхуызон хабарæй уæлдай та бирæ азты нæ хъусгæ фæкодтæн, нæ æмбæлгæ скодтон ахæм хъуыддагыл. Фæлæ та иуахæмы райстон газет «Рæстдзинад», æмæ дзы фыст диссаджы рæсугъд æрмæг, йæ сæргонд «Ирон æгъдау — ирон уды фарн». Йæ автор горæты Къостайы уынджы 215-æм хæдзары цæрæг Токаты Сергей. Æрмæг кæсгæйæ ныхæццæ дæн æртæ уæливыхы нысаны онг. Æмæ йæ куы бакастæн кæронмæ, уæд, мæ Бабайæ куыддæриддæр фехъуыстон, афтæ. Ссардтон ын йæ телефон, сдзырдтон æм, æмæ нæ ныхас дæр æмæ нæ хъуыдытæ дæр уыдысты æмхуызон. Фыссын æй, йе ’рмæг газеты куыддæриддæр фыст у, афтæ: 

«Нæ фыдæлтæй баззад циндзинады хъуыддæгты æртæ чъирийæ кувыны фæтк. Чъиритæн фынгыл сæ равæрд дæр уыдис афтæ: уæллаг чъири — Стыр Хуыцауы номыл, астæуккаг — Хуры номыл, бинаг та — Зæххы номыл. Зианы хъуыддæгты та Стыр Хуыцауы ном ссарынц, стæй зианæн рухсаг дæр фæзæгъынц, йæ хур аныгуылд, зæгъгæ. Уый та уымæн фæзæгъынц, æмæ хур нымад уыдис æрмæстдæр уæлæуыл царды амондхæссæг Хуыцауыл. Чи амæлы, уымæн ницыуал пайдахæссæг вæййы, уымæ гæсгæ, хуры номыл хæрнæджы цы фæрзиу æрæвæрай, уый мардмæ нæ хæццæ кæны æмæ уымæй уæд марды сайгæ кæнæм. Хæрнæджы фынгыл Хуры чъири дæр уымæн не ’вæрдтой. Стыр Хуыцау та мæрдтæм дæр бар дары, Барастырæн дæр уым бардуаджы бартæ Стыр Хуыцау радта. Зæхх та бæркаддæттæг Хуыцауыл нымад уыдис, мардæн зæххы сойæ, зæххы хойрагæй цы ныххæлар кæнынц, мæрдты бæсты, дам, æрмæстдæр уымæй “цæры”. Гъе уымæ гæсгæ æвæрдтой нæ фыдæлтæ зианы фынгыл дыууæ кæрдзыны: уæллаг кæрдзын — Стыр Хуыцауы номыл, дыккаг та — Зæххы номыл. Ныр бакæс, уæд бирæ рæтты фыццаг рæгъ Стыр Хуыцауы номыл рауадзынц æртæ кæрдзынæй, стæй уæллаг — Стыр Хуыцауы кæрдзын — сисынц, дæлдæр æй æрæвæрынц æмæ мардæн рухсаг Хуры æмæ Зæххы кæрдзынæй фæзæгъынц. Уый раст нæу. Хъуыст-гонд фыссæг Хъайттаты Сергей (райгуырд 1921 азы) йæ чиныджы 
“Ирон хабæрттæ” æртыккаг рауагъ-
ды 312-æм фарсы фыссы: æртæ чъирийы фæкæнынц цины хъуыдда-
джы. Æртæ уымæн, æмæ адæймагæн ис Хуыцау, Хур æмæ Зæхх. Куы сæ фæкувынц, уæд та сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнынц уымæн, цæмæй зыной, кæй номыл конд сты, уымæ — Хуыцаумæ. Дыууæ чъирийы та фæкæнынц зианы хъуыд-даджы. Дыууæ уымæн, æмæ, дам, адæймаг куы амæлы, уæд ын Хурæй хай нал вæййы. Баззайы ма йын 
Хуыцау æмæ Зæхх». 

Гъеныр ма иу скъуыддзаг Хæмыцаты Раманы фыст æрмæгæй, йæ сæргонд «Цард æгъдауæй фидауы» газет «Рæстдзинад»-æй № 166 2012 азы. Раман фыссы: «Дуне сфæлдисæг нын алцыдæр — дон, хур, зæхх æмæ æрдз æнæхъæнæй дæр зæрдæбын лæвар уый тыххæй бакодта, æмæ сыл мах хъуамæ узæлæм». Ам ныхас цæуы æртæ уæливыхы нысаныл — Дон, Хур æмæ Зæхх, кæцытæ ма бирæ автортæм гæсгæ амонынц æртæ уæливыхы нысан. Раман та фыссы цыппар нысаны. Дон, Хур, Зæхх æмæ æрдз æнæхъæнæй дæр. Æмæ адæймаг дæр æмæ цæрæгойтæн дæр цалдæр боны æнæ донæй сæ бон у фæцæрын, фæлæ æнæ уæлдæфæй фондз минуты дæр ничи æмæ ницы бафæраздзæн. Æмæ раст фыссы Хъайттаты Сергей йæ чиныджы «Ирон хабæрттæ» 172-æм 
фарсыл. Хуыцау сфæлдыста Зæхх, Дон, æмæ Уæлдæф, æмæ уыдон та иумæ сты æрдз. Æмæ дон куы уа, фæлæ зæххы уæлæ уæлдæф куы нæ уа, уæд куыд ис цæрæн адæмæн дæр æмæ цæрæгойтæн дæр? Æмæ æз нæ зæгъын — афтæ ‘мбæлы, афтæ нæ зæгъын, раст у, зæгъгæ. Фæлæ уыцы хуызмæ гæсгæ дæр, мæнмæ гæсгæ, æрдз æнæхъæнæй дæр, хур æмæ зæхх хуыздæр фидауынц иумæ, уымæн æмæ дон дæр хауы æрдзмæ. Дарддæр зæгъдзынæн. 
Газет «Стыр Ныхас» чи исы, уыдон кастаиккой цалдæр æрмæджы хъуыстгонд фыссæг, ахуыргонд Уарзиаты Вилены чиныгæй. Сæ сæргæндтæ: 1. Зимний цикл (№ 23 2013 аз). 2. Осетинский календарь (№ 8 2014 аз). 3. Осенний период (№ 16 2014 аз). Æмæ сæ чи каст, уыдон æй зонынц, куыд дзæбæх æмæ рæсугъд фыст сты, уый. Цгъойты Хазби газет «Рæстдзинад»-ы фарсыл № 117 2015 азы фыссы: «Хетæджы Уастырджийы бæрæгбон июлы фыццаг хуыцаубонмæ кæй цæуы, уый фыст ис ахуыргонд Уарзиаты Вилены чины-джы “Ирон бæрæгбæттæ незамантæй абонмæ” 80-æм фарсыл. Хетæджы Уас-тырджийы номыл куывдтæ фæкæнынц июлы фыццаг хуыцаубоны». 
Гъеныр кæронбæттæн скæндзы-нæн газет «Стыр Ныхас»-ы иу номыры 
фыст стыр æрмæгæй, йæ автор Цо-рæты Зауыр, философон наукæты доктор. Йæ сæргонд «Три пирога». Æмæ у тынг мидисджын æрмæг. Æз дзы райсдзынæн, хæрз цыбырæй æртæ уæливыхимæ бынтон баст кæм у Уарзиаты Вилены æрмæгау, уыцы скъуыд-
дзаг. Цорæйы-фырт фыссы: «Что же символизируют три пирога? Почему осетины ставят на стол три пирога? Почему пироги имеют круглую или треугольную форму? В универсальном электронном словаре “Википедия” читаем следующее объяснение: “Число три означает символически три стихии, которые окружают человека в жизни: солнце, вода и земля”. Знакомому хоть немного с традиционной культурой и религией осетин трудно согласиться с подобной формулировкой, потому что в ритуальном молитвословии нет молитв, посвященных солнцу, воде и земле». 
Æмæ куыд дзæбæх фыссы! Адæй-
маг æртæ кæрдзыны куы фæкувы, уæд Хуыцауæй фæкуры амонд, æнæ-
низдзинад, æнæмаст, æнæфыдбылыз-дзинад æмæ а. д. Уæдæ дзы фæкæнынц карз сомы дæр, ард дæр дзы хæрынц. Карз сомы фæкæнынц зæххæй дæр. Уæдæ хурæй дæр фæзæгъынц. Гъеныр донæй куы нæ сомы кæнынц, куы нæ дзы ард хæрынц, куы нæ йæм кувгæ кæнынц, куы нæ дзы кувгæ кæнынц. Мæнæ фынгыл цы фæллой фæхæлар кæнынц мардæн, уым дæр дон фæстагмæ куы акалынц зæхмæ. Но-
джы ма йæ хорз хъуыды кæнын, æмæ-иу дон дæр куы ныххæлар кодтой, уæд æй калын кодтой æнæлæг сылгоймагæн. Ныртæккæ та йæ чифæнды дæр фелвасы æмæ йæ акалы. Цæмæн? Уый абон дæр, мæнмæ гæсгæ, ничи зоны. Уæд æртæ уæливыхæй Хуыцаумæ кувгæйæ иу  бынат цæмæн ахсы? Цгъойты Хазби газет «Рæстдзинад»-ы № 227 2012 азы фыссы: «Не ‘ртæ кæрдзыны амонынц, Хуыцау адæмæн цæрынæн цы ‘ртæ хорзæхы радта, уыдон — Зæхх, Дон æмæ Хур. Мардыл йæ Хур аныгуылд, баззад ма йын дзы Дон æмæ Зæхх, æмæ йын рухсаг дæр уымæй фæзæгъæм».
 Ам æз зæгъдзынæн афтæ. Табу Хуыцауæн, æмæ дон дæр сыгъдæгæй цæуæд, æмæ иууылдæр, адæмæй, цæрæгойæ æмæ а. д., донæй æфсæст уæнт. Фæлæ ма донæй уæлдай зæххыл уæлдæф куы нæ уа (уыдон та хауынц æрдзмæ), уæд цард нæй нæ адæмæн, нæ цæрæгойтæн æмæ а. д. Уый тыххæй ма уæлдæр бæлвырддæр фыст æрцыд. Æмæ, æвæццæгæн, растдæр у, æртæ уæливыхы нысан мæ фыдыфыд æмæ уæды уый хуызон куырхон хистæртæй куыд фехъуыстон, стæй Токаты Сергей куыд фыссы, Цæгæрайы-фырт куыд зæгъы, Хъайттаты Сергей куыд фыссы, афтæ: уæллаг — Хуыцауы номыл, астæуккаг — Хуры номыл, бинаг та — Зæххы номыл. Дарддæр Цорёйы-фырт фыссы: «Одна из первых попыток приоткрыть завесу, скрывающую древнюю символику, принадлежит Вилену Уарзиати, который считал, что круг можно рассматривать как символ земли, а треугольник как символ плодоносящей силы земли. Верхний пирог, по Уарзиати, символизирует Бога, средний — солнце, нижний — землю». Æмæ Виленæн йæ цард афтæ æрыгонæй куы нæ аскъуыдаид, уæд, æвæццæгæн, абон уыцы хъуыддаг бæлвырддæр лыггонд уаид. Стæй, æвæццæгæн, раст дæр у. Тымбыл амоны Зæхх, æртæдзыхон та, Зæххы фæллойæ кæй æрцæттæ кæнынц, уый. Ам æз уайдзæфтæ никæмæн кæнын, фидарæй, «афтæ æмбæлы», зæгъгæ, ницæмæй зæгъын, цы æрæййæфтон æмæ цы уыдтон æмæ хъуыстон уæды куырыхон хистæртæй æмæ, уæлдæр цы авторты æрхастон, уыдон куыд æмбарын кæнынц æртæ уæливыхы нысан, уымæй уæлдай. Æмæ мæ царды мидæг кодтон æмæ абон дæр кæнын, уыдоныл куыд сахуыр дæн, афтæ. Гъеныр 60 азæй фылдæры размæ куыд фехъуыстон мæ Бабайæ æмæ уый хуызон куырыхон хистæртæй æртæ уæливыхы нысан, уыдон мын схæццæ сты фондз адæймагмæ. Æмæ, чи зоны, искуы ма ис. Æз ацы ‘рмæг мыхуыр дæр нæ ныккодтаин, фæлæ фæндзæймаг зындгонд фыссæг, 
ахуыргонд Уарзиаты Вилен (рухсаг уæд, дзæнæты бадæд) кæй у, уымæ гæсгæ сфæнд кодтон уый газеты фарсмæ бахæссын. Хорз уаид, ацы хъуыддагыл ма исчитæ сæ хъуыдытæ куы зæгъиккой, уæд. 

ТОМАЙТЫ Елмырзæ, 
фæллойы ветеран, г. Алагир

Категория: Общество | Просмотров: 815 | Добавил: Admin | Рейтинг: 5.0/1
Всего комментариев: 0
idth="100%" cellspacing="1" cellpadding="2" class="commTable">
Имя *: Email *:
Код *: