«МАХ ДУГ» 2016 АЗЫ
Фидæн аз хъæздыг уыдзæн, стыр нысан кæмæн ис, ахæм бонтæй: Хъайтмазты Аслæмырзæ æмæ Тугъанты Батырбегыл сæх-
хæст уыдзæни фæйнæ 150 азы, Малиты Георгийыл — 130, Ниге-
рыл — 120, Хозиты Яков, Цæгæ-раты Максим æмæ Чехойты Сæ-рæбийыл — фæйнæ 100 азы, Сечъынаты Ладемыр æмæ Калоты Хазбийыл — 95-гай азтæ, Дзаболаты Хазбийыл — 85 азы.
Ныры литературон зиууæттæй 75 азы æххæст кæны Ходы Камалыл.
Сæ ног уацмыстæй нын зæрдæ бавæрдтой Хуыгаты Сергей (уацау, радзырдтæ) Агънаты Гæстæн (роман «Æмфæндаггонтæ»), Цомартаты Изæтбег (радзырдтæ), Цгъойты Хазби (новеллæтæ), Дауыраты Дамир (радзырдтæ, документалон уацау), Тохсырты Къоста (сатирикон радзырд), Хъазиты Мелитон (уац), Касаты Аслæнбег (цыбыр радзырдтæ), Къибирты Амурхан, Бабочиты Руслан, Абайты Эдуард, Къодоты Альберт, Косты Лизæ, Годжыцаты Нелли, Годжыциан-Челдыты Надя, Кокойты Эльзæ, Гуыцмæзты Мэри, Касаты Батрадз, Къадзаты Станислав, Рæмонты Ге-
ор, Скъодтаты Эльбрус, Дыгъуызты Тенгиз, Фидараты Руслан…
Ногæй та сæрмагондæй дзурæм ирон æвзаджы ахуыргæнджытæм: «Мах дуджы» ис рубрикæтæ «Ахуыргæнæгæн æххуысæн» æмæ «Литературæйы фарстатæ» — уроктæ аразын куыд хъæуы, уый
фæдыл методикон æрмæг, стæй аивадон уацмысты тыххæй уацтæ.
Арæх дзы вæййы нæ раздæры æмæ абоны фысджыты къамтæ дæр — уыдон дæр урокты цæст-уынгæ æрмæгæн æнæмæнг сбæз-
дзысты! Курæг стæм: ма базивæг кæнут 2016 азæн «Мах дуг» рафыссынмæ. Ноджы курæм: скъо-ладзаутæй æмдзæвгæтæ æмæ прозæ фыссынмæ чи арæхсы, уыдонмæ уæ цæст фæдарут, аудут сыл, нæ журналмæ сын æрвитут сæ уацмыстæ.
* * *
Дауыраты Дамир
АФТÆ ДÆР РАУАЙЫ
Ахудын дæ кæнон, мæ кæсæг?
Дæлдæр цы дыууæ цауы тых-хæй бакæсай, уыдонæй иу æрцыд ивгъуыд æнусы, цыппорæм азты кæрон. Иннæ та мæнæ ныр, хæрз æрæджы. Фæлæ се ‘хсæн уыйас рæстæджыты фæстæ цыдæр иу-дзинад кæй ис, уый ды дæхæдæг дæр бафиппайдзынæ. Кæд нæ рæдийын, уæд фыццаг цауы тых-хæй æппæты разæй мæхæдæг ныффыстон, кæм куыстон, районы уыцы газет та фыццаг уыдис,
ме ‘рмæг мыхуыргонд кæм æр-цыд. Адæм цымыдисæй кастысты заманхъуйлаг мæгуыр лæг Мырзæйы тыххæй, мæнæ арæх куыд вæййы, афтæ сыл «къæхтæ» æмæ «къухтæ» æфтаугæйæ. Рамы-
хуыр æй кодтой Иры мыхуыры
иннæ фæрæзты дæр. Нæ фыс-джытæй иу ноджы арфдæр бавнæлдта — йæ чиныджы уыцы заманхъуйладжы Мæскуыйы нæ, фæлæ уæртæ Калачы балæууын кодта. Уырдæм, дам, йæ фос уæй кæнынмæ атардта, уыцы бæллæх уым æрцыд. Ауайын ма кæн, мæ кæсæг, дæ цæстытыл, дæлæ Заманхъулæй уæртæ Арвы комыл цалдæр стуры хъуамæ уырдæмты куыд фæцæйтардтаид, уый. Æцæгæй та хабар уыдис мæнæ афтæ: мæнæн æй Заманхъулы йæ фæрныг хæдзары ра-дзырдта дзæнæтыбадинаг Дзиойты Мухтар. Уыцы Мырзæйæн, дам, йæ хистæр æфсымæр хæсты быдыры фесгуыхт, уырдыгæй йæ
райгуырæн хъæумæ нал ссыд, Мæскуыйы йæ хæстон хъуыдда-
джы фæдыл кусынмæ баурæдтой. Йæ писмотæй иуы уый Мырзæмæ фыста, ардæм, дам, рацу, уым уæ мæгуыр колхозы фæллойбонтыл кæдмæ хъизæмар кæндзынæ, æз дæ ам исты куысты фæтъыс-дзынæн, дæ капекк-иу æдзух дæ дзыппы уыдзæни.
Иу фæззыгон райсом Мырзæ, Хуымæллæгæй Заманхъулмæ пост чи фæласы, уыцы бæхтæрæджы фарсмæ сбадт, Дудараты стан-цæйы цур æрхызт, æмæ йæ поезд
уæды Советон Цæдисы столицæйы балæууын кодта. Уым фыццагдæр цы милицæйы кусæгыл сæмбæлд, уымæ гæххæттыл фыстæй йе ‘фсымæры адрис равдыста, æмæ
йын уый бацамыдта, кæцы трам-
вайы йæ сбадын хъæуы, кæцыр-дæм ацæуын æмæ кæм æрхизын.
Мæскуыйæгтæ уайтагъддæр сæ митæй, сæ цæстæнгас æмæ сæ дарæсæй æрцæуæг адæймаджы базонынц, уæлдайдæр та давджы-
тæ. Мырзæ трамвайы рудзынгыл
баныхæст. Цымыдисæй алырдæм-
ты куыд ракæс-бакæс кодта, афтæ
йын чидæр æхца æнхъæлæй йæ
фæстаг дзыппæй йæ документтæ
фелвæста æмæ цæугæ-цæуыны
æддæмæ ратæррæст кодта. Дард-дæр цытæ æрцыд, уымæ-ма кæсут. Къæрныхæн йæ къæхтæй иу дæр, æвæццæгæн, зæххыл нæма андзæвыд, афтæ йæ уæз-
зау дзултæласæн машинæ æрбай-йæфта, сцавта йæ, йæ разæй йæ фæласта, бассæста, ныцъцъæл æй кодта. Фындз бæрæг, цæст бæрæг дзы нал уыд… Мырзæ ницы бамбæрста, хъулон-мулон хъæлдзæг трамвай дарддæр тылдис æмæ тылдис… Милицæ дзыпкъахæджы документтæ зæх-
хыл æрæмбырд кодтой, дыккаг бон Дзæуджыхъæумæ сдзырдтой, уе ‘мзæххон, дам, Мæскуыйы машинæйы бынмæ бахаудта, уы-
дон та Хуымæллæджы милицæ-йæн загътой фыдбылызы хабар.
Иу дзырдæй, Мырзæйы æрвадæл-тæ Мæскуымæ се ‘фсымæры мард ласынмæ ацыдысты, сæ ныццыдмæ йæ цалдæр боны моргы фæдардтой, уым сын ныф-фæдзæхстой, чырыны сæрмæ,
дам-иу, ма бавналут, ма йæ сыгом кæнут, лæг равдисынмæ дæр нал бæззы… Уымæй иу цалдæр мæйы фæстæ иу сæрдыгон райсом Заманхъулы хъæугæрон автобусæй æрхызт иу арæзт лæппулæг, урс костюм ыл, морæ шляпæ. Фыццагдæр кæуыл сæмбæлд, уыдон æй базыдтой, дистæ кодтой, мæрдтæй, дам, раздæхти Мырзæ… Хабар ын куы ра-дзырдтой, уæд уый уæлмæрдмæ баздæхт, йæ цырт сласта, сæхимæ йæ йе ‘ккойы бахаста, ныссаста йæ, арт ыл бандзæрста…
Æрæджы та ахæм цау æрцыдис, уый тыххæй мын радзырдта хуымæллæггаг Кокайты Толик.
«Æмбисæхсæв, иу дыууæ сахаты бæрц уыдаид, мæ тæккæ тарф фынæйæ уыдтæн, афтæ нæ телефоны зæллангмæ фехъал дæн. Зонут æй, ахæм афон цæй тыххæй фæдзурынц, уый, æмæ, кæй зæ-
гъын æй хъæуы, мæ зæрдæ ныс-сæххæтт кодта, фæтарстæн, кæд, зæгъын, мæхиуæттæй искæуыл исты бæллæх æрцыд. Адæймаг ахæм исдуг цæуылты нæ ахъуыды кæны. Дзырдта кæугæйæ не ‘рвадæлты чындз Светæ:
— Бабын стæм, Толик. Мæнæ мæм ныртæккæ Кæсæджы милицæ сдзырдтой, дæ фырт Алан, дам, авари скодта, — æмæ ныббогътæ ласта.
Æз рæвдз-рæвдз мæ дзаумæттæ акодтон, мæ фарсмæ цæрæг, ме ‘рвад Оледжы рудзынг ныххостон, зæгъын, афтæ æмæ афтæ, æмæ уæд иумæ фаллаг уынгмæ бацыдыстæм. Светæйы æрсабыр кодтам, ныфсытæ йын бавæрдтам, стæй уыцы афон мæхи машинæйы Налцыкмæ ахæцыдыстæм. Сыхаг республикæйы арæныл нæ размæ милицæйы кусæг рацыд, тæфæрфæсы ныхæстæ нын загъта, Аланы паспорт нæм радта, йæхæдæг, дам, мæнæ хæстæг хъæутæй иу рынчындоны ис, дзæгъæл мæрдтæ кæдæм ласынц, уым, ома — моргы, мæ фæдыл, дам, рацæут. Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ Светæ цытæ кодтаид, уый ма дæ цæстытыл ауайын кæн: йæхимæ фæлæбурдта, йæ сæрыхъуынтæм. Max ын лæгъстæ кæнынмæ фестæм, дæхи уал фæуром, зæгъгæ.
Куыннæ стæй, мад мад у. Бахæццæ стæм уыцы хъæумæ, æмæ Светæ моргмæ мидæмæ бахизын нæ комы, йæхи зæххытыл хойы, Олег дæр йæ зæрдæйы сæрыл хæцы. Цы гæнæн мын уыд, æд паспорт бацыдтæн æмæ пъолыл дæргъæй-дæргъмæ лæг хуыссы, йæ цæсгом урс хæцъилæй æмбæрзт. Мæхинымæр, кæд ма исты зонын, уæд Алан ахæм дæргъæццон нæ уыдис. Йæ цæсгом мæм равдыстой, æмæ цыдæр æнæзонгæ разынд. Уæд мын ме
‘мбæлццон милицæйы кусæг афтæ зæгъы, дыууæ, дам, уыдысты мæрдтæ, иннæйы цæмæндæр Налцыкмæ аластой, кæд, дам, уый тынгдæр хъыгдард баййæфта æмæ уый тыххæй… Уырдæм дæр та ахæцыдыстæм. Ам дæр та моргмæ мидæмæ мæхи цæуын бахъуыд. Æркастæн та уыцы мардмæ дæр æмæ та уый дæр махон нæ разынд. Рацыдтæн æмæ Светæйæн зæгъын, уый дæр дæ фырт нæу, кæуынæй дзæгъæлы дæхи марыс. Ay, куыннæ, дам, у, мæнæ йæ паспорт, мæнæ дохтыры къухæй фыст справкæ нæ уыныс, ахæм æмæ ахæм Кокайтæй фæндаггон фыдбылызы уæд æмæ уæд фæмард ис, уал æмæ уал сахатыл… Æмæ та ныббогъ кодта. Милицæйы кусæг дæр йæ сæр тилы, ома, ницы, дам, æмбарын, сæ иу дæр уе ‘фсымæр куы нæ у.
Æрæджиау кæддæр-уæддæр Светæ куы æрсабыр, уæд æй фæрсын, зæгъын, дæ фырт Нал-цыкмæ цæй æфсонæй рацыд, кæдæм, кæмæ? Æмæ, дам, мæ хомæ. Зæгъын, телефонæй ма йæм бадзур. Дзурæм, дзурæм æмæ уым хæтæл ничи исы. Æмæ та уæд Светæйæн йæ кæуын фемæхст, уый, дам, æцæгдæр афтæ у. Зæгъын, цом-ма уырдæм бацæуæм, йæ адрис куыд у, кæд,
мыййаг, уым ис, уæд та, цы нæ
вæййы. Бацыдыстæм сæм боны-цъæхтыл, сæ рудзынг сын бахос-там, Светæйы хо нæм йæхæдæг рауад æмæ йæ фæрсын, зæгъын, Алан кæм ис? Æмæ, дам, уæртæ хуыссы. Æз йæ разæй мидæмæ фæдæн. Кæсын æмæ, мæнæ уырыс куыд фæзæгъынц, уæртæ Алан живой и невредимый. Сыстын æй кодтон, зæгъын, дæ паспорт кæм ис, хъæуы нæ. Мæ дзыппы, дам. Иу дзыппы асгары, иннæ дзыппы асгары — иу ран дæр нæй. Æвæццæгæн, дам, мын искуы ахау-
ди… Фæстæдæр куыд сбæрæг, афтæмæй æмбисæхсæв Налцыч-чы кæрон дыууæ машинæйы кæрæдзи куы скъуырдтой, уый хæдуæлвæд Алан дæр уырдæм бахæццæ. Милицæйы кусджытæн пырх машинæтæй цæфты исынмæ æххуысмæ фæцис. Мард шофы-ры носилкæйы æвæрынмæ куыд æргуыбыр кодта, афтæ йæ пас-порт йæ риуы дзыппæй уырдæм æрхаудта. Талынджы йæ ничи бафиппайдта. Рынчындоны бан-хъæлдтой, уый мард лæджы документ у, зæгъгæ, лæмбынæг æм не ‘ркастысты…
Иу дзырдæй, дæлæмæ æнкъар-дæй, мæтгæнгæ ацыдыстæм, фæс-
тæмæ та хъазгæ æмæ худгæйæ раздæхтыстæм. Куы схæццæ стæм, уæд нæ Светæ сæхицæй нæ рауагъта, æртæ чъирийы акодта. Фæкуывтам Хуыцау æмæ
Уастырджимæ, арфæтæ сын фæ-кодтам. Уыцы бонæй иуцасдæры фæстæ та Аланы чындзæхсæвы фæбадтыстæм, мæхæдæг ын къу-
хылхæцæг ныллæууыдтæн. Уазджыты цур æрымысыдыстæм, иу æмбисæхсæв Налцыкмæ фæдисы куыд ацыдыстæм, уый, æмæ уыдон дæр немæ зæрдиагæй фæхудтысты…»
5 август, 2014 аз
ЦИТАТÆТÆ, АФОРИЗМТÆ
* * *
Сæрибары ныхмæ чи дзуры, уыцы адæм бæрцæй фылдæр сты. Сæрибарыл чи тох кæны, уыдон та — къаддæр. Æмæ цас раст у, бæрцæй къаддæр чи у, уыдонæй цагъартæ куы саразай, уæд? Æнæгуырысхойæ растдæр уыдзæни, бæрцæй къаддæр, фæ-
лæ сæрибарыл тохгæнæг рæст-удтæ фылдæр адæмæн (иннæтæй сæхи хуызæн æлгъаг цагъартæ скæнынмæ чи тырны, уыдонæн) уынаффæгæнæг куы уой, уæд. Йæ сæрибар бахъахъхъæнын йæ
ахсджиагдæр нысан кæмæн у, уыдон хъуамæ тох кæной, сæ ныхмæлæуджытæ цасфæнды куы уой, уæддæр.
Джон Мильтон (1608–1674),
англисаг поэт
* * *
Адæймаг-иу паддзахадæй зæх-
хон дзæнæт саразын куы афæл-вæрдта, уæд-иу уыцы паддзахадæй рауади зæххон зындон.
Фридрих Гельдерлин (1770–1843), немыцаг поэт
* * *
Адæм фидауц, аивад кæм уарзынц, кæм сыл аудынц, генийæн аккаг аргъ кæм кæнынц, сæрибар комулæфтау алцыдæр нывыл цы бæстæйы у, уым æвзонг зонд йæ къабæзтæ парахатæй ауадзы, хицæй буц уæвыны миниуджытæ айсæфынц. Уым зæрдæтæ сты сыгъдæг, уæздан, æмæ адæмы стыр ныфсæй райгуыры геройтæ. Ахæм адæмæн сæ бæстæ свæййы æппæт адæмты райгуырæн бæс-тæ, æмæ йæм æцæгæлон куы ‘рбафта, уæд ын хъуамæ æхсызгон цæуылнæ уа! Фæлæ йæ поэттæн аргъ кæм нæ чындæуы, удты авналæнтæ ссæст кæм цæуынц, уым, оххай-гъе, царды цинæн йæ кой, йæ хъæр дæр нал вæййы. Æмæ Зæххыл цæрыны бæсты адæймаг йæхицæн равзарид æндæр цавæрфæнды планетæ дæр. Ахæм бæстæйы адæм свæййынц дурзæрдæ, æнæуаг, афтæмæй гуыргæ та æнæаиппæй, сыгъдæгæй ракæнынц. Фæлæ сæм куыдфæстæмæ цагъары ми-
ниуджытæ фæзыны. Æфсарм нал
вæййы, æгъдæуттæ, фæтк фехæ-
лынц. Адæмæн сæ зонд ныггалиу-тæ вæййы, æхца æмæ исбоныл хæлæф кæнгæйæ, сæ фидæныл сагъæсгæнгæйæ сæ зонд фæцæ-уы. Бонтæ, азтæ фарн нал фæ-хæссынц, фæлæ тас. Гъемæ Адамы цотæн сæ хуыцæуттæ дæр лидзæг фæвæййынц.
Уæд, уæууæй, уæууæй, æцæ-гæлон адæймаг дæр, уыцы бæстæйæ фыдæнхъæлæй, йæхи иуварс айсы. Фæлæ æртæ хатты æлгъыст та, мæнæ мæнау, æрхæндæджы амæттаг свæййы, æнаккаг адæмы ‘хсæн цæргæйæ дзы рауайы гæвз, зыбыты мæгуыр!
Фридрих Гельдерлин
* * *
Æндæрхуызон чи хъуыды кæ-ны, уыдонæн гуымиры хуызы сæ бартæ ис, хицæн адæймаджы амонд мацæмæ дар — ахæм бындурыл амад у коллективизмы фæтк, æмæ йæ фæстиуджытæ адæмы æркæнынц заууаты уа-вæрмæ.
Фридрих Хайек,
нырыккон австриаг философ
* * *
Æппындæр макæмæй мацы ку-
рут. Иу адæймагæй дæр макуы мацы курут, уæлдайдæр, уæхицæй тыхджындæр чи уа, уыдонæй.
Михаил Булгаков
* * *
Æрдзон зонд сæры паддзах у,
ахуыры зонд та сæры уазæг у. Æрдзæй дæм зонд куы нæ уа, уæд ахуыры зонд сæры бирæ нæ фæстиат кæны.
Мысыкаты Мæхæмæт, медицинæйы фыццаг ирон профессор, æхсæны кусæг
* * *
Хуыцау нæ æнæ мах æххуысæй сфæлдыста, фæлæ нæ ирвæзын æнæ мах æххуысæй нæ фæкæн-дзæни.
Блез Паскаль
* * *
Адæймаджы хъуыдыйæ сæри-бардæр а дунейыл ницы ис.
Дэвид Юм
Хорз адæм! Рафыссут журнал «Мах дуг» 2016 азæн. Йæ рафыссыны аргъ афæдзы фыццаг æм-
бисæн — 304 сомы æмæ 56 капеччы. Индекс 73247.
Дзæуджыхъæуккæгтæн журнал рафыссæн ис редакцийæн йæхи мидæг дæр. Уый сын ас-ламдæр сыстдзæни: афæдзæн 220 сомы.
Редакцийы адрис: Дзæуджы-хъæу, Къостайы проспект, 11, Мыхуыры хæдзар, «Мах дуджы» редакци.
|