Ирон æгъдæуттыл гам бады нæ зонын æмæ гуыбыны фыдæй. Ирон адæммæ цыфæнды фынгыл дæр æгъдау уыд сæйрагдæр. Ныр систы гуыбын бафсадыны фынгтæ. Уый уагыл нæ уыдысты суанг фæскуыст кæнæ æнцойбоны иумæ абадыны тыххæй хæлæртты, æрдхæрдты, хиуæтты фынгтæ дæр.
Уæддæр дзы уыд, поэт Дзаболаты Хазбийы загъдау… «уыдон сегас расыггæнаг не сты, фæлæ, æвæццæгæн, сæ кæрæдзийы уарзынц, фæлæ, æвæццæгæн, сæ ныхæстæ нæ фесты». Æмæ сæ иумæ абадын, аныхас кæнын фæнды. Цыбыр ныхасæй, бахæр æмæ бануазыны тыххæй нæ бамбырд сты. Уæд нæм æгъдауы фынг бахæр æмæ бануазынæн цæмæн сси?!
Зианы фынг нал хицæн кæнæм цины фынгæй. Цины фынгыл цы хойраг, нозт, алыхуызон хæринæгтæ æвæрæм, уыдон æвæрын райдыдтам зианы фынгыл дæр. Уымæй хистыты нæ, фæлæ хæрнæджы дæр. Æмæ дзы нæхицæн бафсæдын æнхъæл нал вæййæм. Бауырнæд уæ: фæнды бирæ бахæр, фæнды — чысыл, уæддæр дæ хæрыны афон куы æрхæццæ уа, уæд сæххормаг уыдзынæ. Фыдхæрд та фыд рын у. Бирæ хæрын адæймаджы буарæн, æнæниздзинадæн, йæ цар-дæн пайда куы хæссид, уæд нын нæ фыдæлтæ ахæм зонд-зонæн нæ ныу-уагътаиккой. Æниу-ма бакæсут евро-
пæйæгтæм. Уыдон чысыл хæрынц æмæ махæй æвзæрдæр, стæй къаддæр цæрынц?! Исчи нæм дзы ам Ирыстоны куы вæййы, уæд нæ бæркадджын фынгтыл дистæ фæкæнынц æмæ фæзæгъынц: «Уый цы кæнут, цы, уæхицæн?! Уыйбæрц куы бахæрат, бануазат, уæд дзы ахсæн, буар нæ фехæлдзæн?!»
Алцыдæр бæрцæй фидауы. Зонд, æгъдау æмæ намысæй фæстæмæ. Уыдон цас фылдæр уой, уыйбæрц адæм кæрæдзи дæр фылдæр уарздзысты æмæ сын цæрын дæр æнцондæр уыдзæн. Æртæ дæр кæрæдзийыл æнгом баст сты. Кæрæдзийæ сæ куы фæхицæн кæнай, уæд дзы иу дæр, цас ын æмбæлы, уыйбæрц нæ сахаддзæн. Афтæ æгъдау хъуыдыйыл куы нæ æнцой кæна, уæд адæмы зондахас-тыл нæ ахады. Уæлдайдæр та марды фæдыл хъуыддæгты. Æмæ хатт уый фыдæй адæмы æхсæн быцæу ныхас дæр рауайы. Зæгъæм:
Хурныгуылды рухс кæнын не ‘мбæлы
Мардæн йæ ныгæнæн боны размæ йæ разы, цалынмæ хур нæ аныгуылы, уæдмæ æрæвæрынц æндæр хæдзары æрцæттæгонд мæрдæхсæвæр. Æмæ йын æй ныххæлар кæнынц. Хурны-гуылды размæ! Æмæ уый бирæтæ ай-
рох кæнынц. Хурныгуылды фæстæ Мæрдты бæстæм ницыуал хæццæ кæны. Уæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнут Нарты кадджытæй «Уырызмæджы æнæном лæппу». Уым Уырызмæджы æнæном лæппу Мæрдты бæстæй æрцыд йæ фыдмæ, иумæ стæры ацæуæм, зæгъгæ. Уырызмæгæн йæхи базонын кæны, фæстæмæ куы æрыздæхтысты æрмæстдæр уæд. Уый йæ Сатанайæн куы загъта, уæд Уырызмæджы уым фæуагъта, афтæмæй лæппуйы сурын райдыдта, сурын райдыдта æмæ йæм куы бахæстæг, уæд æм хъæр кæны:
— Уæ, кæй цинæй цардтæн æмæ кæй уындæй нæ бафсæстæн, дæ уынд мын ма бахæлæг кæн, дæ цæсгом-ма мæм фездах!
Лæппу йæм фæстæмæ нæ фæзыл-дис, фæлæ йæм рахъæр кодта:
— Рæстæг мын нал ис, хур аны-гуылд.
Сатана куы бамбæрста, ай мæм нал ракæсдзæн, зæгъгæ, уæд, мæгуыр, скуывта:
— Хуыцæутты Хуыцау, мæ Хуыцау, кæд ды мады зæрдæйы кæсын зоныс, уæд ма хæхты дыдзы хур æрбакæсын кæн.
Сатанайæн йæ куывд цæуаг уыд. Æмæ уæд хæхтыл дыдзы хур æрбакасти. Лæппу, мидæмæ Мæрдты бæстæм бахизон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ иу здæхт фæстæмæ фæкодта. Сатана йын йæ фæдджитæ æмæ йæ цæсгом иу уынд акодта æмæ лæппуйыл йæ къухдарæн фехста. Къухдарæн лæппуйæн йæ къухыл абадти, æмæ йæ мæрдтæм йемæ бахаста.
Марды сабатизæрты дæр, кæд сæ изæртæ хонæм, уæддæр, мардæн цы фынджыдзаг æрцæттæ кæнынц, уый хæлар кæнæм, хур ма арвыл куы вæййы, уæд.
Мæрдæхсæвæры иуæй-иутæ та сы-
хæн, хъæубæстæн фынгтæ æрæвæ-рынц, æмæ ма мард уæлæуыл, уæл-
тæрхæг вæййы, афтæмæй йын рухсаджы рæгъытæ фæуадзынц. Уый никæцы æгъдауы ис, не ‘мбæлы, æгъдауыл гам æвæры. Мæрдджынты хæдзары арт кæнын дæр нæ фæтчы. Уыцы æхсæв сыхы нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæ хицæн къорд-
тæй бауынаффæ кæнынц, мардæвæ-рæн бон сæ кæуыл цы хæс æвæрд ис, ууыл. Уым сбæлвырд кæнынц кæрты æгъдауæвæрæджы, ингæнкъахджыты,
мæрддзыгой адæмæн арфæгæнджы-ты, фыдызгъæл чи фыцдзæн, кæр-
дзынгæнджыты, фынгтæм цæстдар-джыты æмæ афтæ дарддæр. Мæрд-æхсæвæр та баззайы мæрдадзы бадæг устытæн кæнæ лæгтæн.
Мæрддзыгойæн тæфæрфæс кæд æмæ куыд кæнгæ у?
Ирон æгъдауы алцыдæр нымад у. Мардæвæрæн бон сыхы номæй мæрддзыгой адæмы размæ чи рацæуы, уый арфæйы ныхас кæны, кæй зæгъын æй хъæуы, зианджын бинонты номæй. Мæрддзыгой та тæфæрфæс кæны бинонтæн æмæ сыхбæстæн дæр. Æмæ хатт быцæу рауайы, чи сæ хъуамæ раздæр зæгъа, зæгъгæ. Мæрддзыгой алы рæттæй æрбацыдысты æмæ сыхбæстæн æфсæрмиаг сты. Уыдон сбуц кæнын у сыхбæсты хæс. Фынгыл дæр хистæр раздæр рæгъ рауадзы æрцæуæг адæмы цæрæнбоны тыххæй, стæй рæгъы бар ратты æрцæуæг адæмы хистæрæн. Æмæ уый фæзæгъы сыхбæсты цæрæнбонты, фыдæбоны тыххæй.
Ам дæр сыхы номæй арфæгæнæг æрцæуæг адæмæн фæзæгъы: «Уæ къахы фыдæбон мардæн мæрдты бæсты цæмæн хъæуы, уымæн уæд. Хæрзмæ уыл аудæд. Æнæхъиамæт ут. Фыдæбоны къаддæр куыд уат, лæггад кæнын та уæ фылдæр куыд хъæуа. Хорз хабæрттæм цæут».
Уый фæстæ, мæрддзыгой цыппæр-гæйттæй куы уой, уæд рахизæрдыгæй дыккаг (фыццаг вæййы, кæй фæдыл æрбацыдысты, уый), дыгæйттæ куы вæййынц, уæд та фыццаг размæ иу санчъех ракæны æмæ фæзæгъы: «Мард рухсаг уæд. Цы æрцæуы, уымæн фæразын хъæуы. Абонæй фæстæмæ бинонтыл, мыггагыл, сых-
бæсты хорз хабæрттæ цæуæнт. Сых-бæстæ стут, фыдæбонгæнæг стут æмæ йын уæ фыдæбон хæлар уæд. Уый та уыл хæрзмæ аудæд».
Мæрддзыгой сыхы лæгты фæстæ уайтагъд æрлæууы зианджын бинонты нæлгоймæгты раз. Æмæ сын мæрддзыгойы хистæр ракæны тæфæрфæс: «Рухсаг уæд (фæзæгъы «уæ мад», «уæ фыд», чи сæ амард, уый ном). Цы гæнæн ис… Хуыцау нæ ратты æмæ айсы. Хуыцауы раз балæууæн нæй. Цы æрцæуы, уымæн фæразын хъæуы. Чи амард, уый дзæнæты бадæд, сымахæн та — цæрæнбон…»
Уыцы ныхæсты фæстæ сын мæрдджынтæй исчи цыбыр дзуапп ратты, æмæ мæрддзыгой райхæлы. Мæрдджынтæн сæ къухтæ исын, хъæбыстæ сын кæнын нæ фидауы. Уыдон цины хабæртты фæкæнæм, фырцин æмæ райзæрдæйæ. Мæрдджын та йæ сагъæс æмæ мæтыл у.
Марды уæлхъус дзурæг кæм хъуамæ лæууа?
Мардыл йæ зæрдæ кæмæн фæриссы, уымæн табæты (чырыны) уæлхъус зын дзурæн у — йæ зæрдæ уынгæг кæны. Æмæ алчи ахæм ран радзурынмæ йæ ныфс нæ хæссы. Æгъдауы чи бахауы, уый ныхасмæ фаутæ хæссынмæ та рæдæнг стæм. Суанг чырыны раз раст нæ лæууыны онг. Æмæ та уый дæр быцæйуаг ра-уайы. Мардæрцыд галиу, маст æмæ зæрдæриссæн у. Гъе уымæ гæсгæ, марды чырын кæрты куы равæрынц, уæд йæ рахизфарс фæбадынц мæрдджын сылгоймæгтæ, йæ галиуварс та æвæрд вæййы чырыны сæр æмæ йæм мæрддзыгой къухæвæрынмæ цæуы уыцы фарсмæ. Йæ алыварс зилын дæр нæ фæтчы, дæхи йын фæлдисыс, æви… Мардæн йе ‘ргом та хъуамæ уа æрбацæуджыты, кæцырдæм æй хæсдзысты, уыцы ‘рдæм.
Марды уæлхъус ныхасгæнджытæ дæр-иу иугай худ нæ сисгæ хъуамæ æрлæууой йæ галиуварс сæры æрдыгæй йæ гуыры фарсмæ. Тугъанты Махарбеджы ныв «Бæхфæлдисæны» дæр бæхфæлдисæг зæронд лæг худы лæууы марды сæры ‘рдыгæй. Ам æгъдау конд цæуы уæлмæрды, мард æвæрд ис сынтыл, æмæ йæ афтæмæй хæрзарæзтæй бавæрдзысты зæппа-дзы. Дзырдбаст «мардæвæрæн бон» дæр нæм уæдæй баззад.
Мардæн йæ къæхты ‘рдыгæй та фæлæууы, нæлгоймаг куы уа, уæд йæ
цардæмбал. Къæхты ‘рдыгæй кæс-тæрты бынат у. Сæры ‘рдыгæй та — хистæрты. Афтæ уыд нæ фыдæлтæм — Махарбеджы нывы йæ уынæм æмæ афтæ хъуамæ уа махмæ дæр.
Марды ахæссыны размæ разил-базил?..
Нæ марды æгъдæутты ма иу уæлæфтуан та у, марды ахæссынмæ куы сисынц, уæд чырын разил-базил кæнын. Йæ хæдзармæ ма, дам, иу каст бакæна. Уыцы хъуыды, æвæццæгæн, равзæрд афтæ: фыдæбонгæнæг лæг йæ бинонтæн тыхамæлтты хæдзар сарæзта, фæлæ йын дзы йæхицæн бирæ цæрын нæ бантыст. Æмæ йæ уæлмæрдмæ ахæссынмæ куы систой, уæд æй кæйдæр фæндæй, йæ хъару цы хæдзары арæзтадыл басаст, уый ма фæстаг хатт фенынмæ фæстæмæ æрзылдтой. Уый, чи зоны, раст ми уыд, кæд мард ницыуал фæуыны, уæддæр, фæлæ хæдзар æлхæнгæ чи бакодта кæнæ бирæуæладзыгоны фатеры чи цард, уый та цæмæн æмæ кæмæ зилæм. Бирæфатерон иумæйаг хæдзар куы у! Бирæ бинонтæ дзы куы цæры! Вæййы ма афтæ дæр, адæймаг æххуырст фатеры фæцард, æмæ куы амард, уæд уый дæр æрзилынц. Йæ мæгуырдзинад æй цæмæй мæрдты бæсты дæр ма ферох уа, уый тыххæй?!
Марды цалынмæ баныгæнынц, уæдмæ цæрдтæй мæрдты æхсæн вæййы. Уæлмæрдмæ йæ куы ахæссынц, уæд ма йæ иу хатт иуварс зæххыл æрæвæрынц, стæй та — йæ ингæны раз. Афтæ кодтой нæ фыдæлтæ уæлмæрдмæ бахизыны размæ. Стæй-иу æй мæрдтыл бафæдзæхстой. Афтæ кæнæм мах дæр.
Æмæ ма иу фиппаинаг. Куыд зонæм, афтæмæй нæ фыдæлтæ, стæй мах дæр мардæн ингæн къахæм йæ æвæрæн бон. Æхсæв, дам, къахтæй куы баззайа, уæд æй хæйрæджытæ, хæрам тыхтæ бацахсынц æмæ дзы марды æнцад нæ фæуадзынц, хъыгдарынц æй. Ныры дуг ивы цард, размæ йæ схойы, æмæ горæтты ингæнтæ рагацау къахынц трактортæй. Уыдон иу нæ, фæлæ цалдæргай æхсæвтæ дæр аззайынц. Цæмæй ахæм ингæны ныгæд мардмæ зæрдæ ма æхсайа, уый тыххæй дзы мардæвæрæн бон, йæ бадзæбæхтæ кæныны, йæ къултæ йын самайыны, кæнгæ ингæн дзы саразыны размæ арт скæнынц, йæ фæрстыл, йæ къултыл ын цыргъаг рауадзынц. Ингæны арт кодтой раздæр дæр.
Фынгыл фæстагмæ рухсаджы рæгъ æмбæлы?
Ирон æгъдау, суанг марды кæндты дæр, адæймаджы æфтауы цардыл, удвидар æй кæны, ныфс дзы уадзы,
размæ йæ схойы. Зианы фæдыл дæр мæрдджынæн дзурæм: «Цы æрцыд, уымæн фæразын хъæуы». Ома цардыл хъуыды кæн, мардæн дæр удæгæстæ куы нæ уой, уæд ын йе ‘гъдæуттæ чи кæна, кæй зæрдыл лæудзæн, йæ æнæконд хъуыддæгтæ йын чи адарддæр кæндзæн, кæд ын кæстæртæ баззад, уæд ын сæ чи бахъо-
мыл кæндзæн. Æдзухдæр фидæнмæ у нæ каст. Нæ цины æмæ нæ зыны дæр нæ мæт уый у. Кæстæрты цæрæнбоны фæдыл нæм сидт дæр ис æмæ рæгъ дæр. Уымæ арæзт сты нæ марды кæндтæ дæр, кæд марды фæдыл вæййынц, уæддæр. Цины фынгыл кæстæрты цæрæнбоны сидты размæ сæм хистæртæ уæны фыдимæ (цæмæй уæнгвидар уой) æртæ нуазæны адæттынц. Уыдон сæ хистæртæн лæугæйæ арфæ ракæныны фæстæ куы бануазынц, уæд сæм сæ дзагтæй рахизæрдыгæй схæссынц. Æмæ уæд хистæртæ кæстæрты цæрæнбоны фæдыл сидт-гаджидау рауадзынц. Сидт фынджы æртæ æппæты кæстæрмæ куы æрхæццæ вæййы, уæдмæ уыдон кæнынц лæугæ æмæ сæ нуазæнтæ хистæртæм схæссынц, сæ рахиз фарс æрлæууынц. Æртæ хистæры сын сæ нуазæнтæн æгъдау куы раттынц, уæд кæстæртæ сæ бынæттæ бацахсынц æмæ кæстæрты сидт лæугæйæ бануазынц. Уымæй фынг æгъдауæй æнгомдæр скæнынц.
Хæрнæджы фынгыл дæр вæййы кæстæрты цæрæнбоны фæдыл рæгъ, фæлæ дзы нуазæн дæттын нæ фæтчы. Арфæ сын ракæнынц, фæзæгъынц сын: «Ирон царды нæ лæггадгæнджытæ æмæ фыдæбонгæнджытæ фылдæр сты кæстæртæ, фæсивæд. Сæ абоны фыдæбон мардæн хæлар уæд, хæрзмæ сыл аудæд. Кæстæртæ та фылдæр цинты лæггадгæнæг куыд уой».
Ацы рæгъы размæ уал та хистæр-тæ фыццаджыдæр бинонты æмæ сæ
чи фæхъуыд, уый Хуыцауыл бафæ-дзæхсынц, нæ удæгас æмæ нæ мард дæр Хуыцауæй дæтгæ сты, зæгъгæйæ. Уый фæстæ рæгъытæ кæрæдзийы фæдыл афтæ æвæрд сты, æмæ сæ æндæр хуызы куы кæнай, уæд схæццæ уыдзысты. Фыццаджыдæр уал хæрнæ-джы фынгыл кувгæ нæ кæнæм, фæлæ Хуыцауыл фæдзæхсæм, рухсаг æмæ цæрæнбоны тыххæй рæгъытæ кæнæм. Рæгъытæ та кæрæдзийы фæдыл æвæрд сты хорз литературон уацмысы хуызæн: Хуыцауыл бафæдзæхсын, мардæн рухсаг зæгъын, бинонты
цæрæнбон, мард цы мæрдтæм бацыд, уыдонимæ йын рухсаг зæгъын, æрцæуæг адæмæн, стæй та сыхбæс-тæн бузныг зæгъын, кæстæрты цæ-рæнбон æмæ бæркады рæгъ.
Архайд хъыгдзинæдтæй рахизы цардмæ. Бæркады рæгъы хистæр фæзæгъы: «Мард рухсаг уæд. Цæмæй-дæриддæр ын рухсаг загътой æмæ ма зæгъдзысты, уыдон йæ разы уæд, æнæбары хай дзы макæмæн бакæнæд. Сæрд ын æмбигæ ма кæнæнт, зымæг — сæлгæ. Мыкалгабыр бæркад æфтауæг æмæ фыдбылыз сафæг у. Йæ хъомыс мæрдты бæстæм дæр æххæссы æмæ йын сæ фылдæр кæнæд. Удæгæстæн та сæ фыдбылызтæ сафæд. Бинонтæ тагъд рæстæджы сæ дыууæ кæрдзыны æртæ кæрдзынæй куыд раивой, ахæм хорз хабæрттæ сыл цæуæнт».
Уымæ арæзт у афæдзы кæнды æртæ уæливыхы æгъдау дæр. Уый у кæронбæттæн, æлхынцъау, уæд ма уый фæстæ рухсаджы рæгъ чи рауа-дзы, уый æгъдау халгæ, змæнтгæ кæны. Æгъдау кæронмæ скодтай æмæ та йæ ногæй райдай. Мардæн рухса-джы рæгъ дыккаг куы уыд!..
Хаш нозтвæллад æрцагуры дыккаг бон
Уæлдæр æй куы загътон, ирон æгъдæуттыл гам бады нæ зонын æмæ гуыбыны фыдæй. Сæ бындуртæ, сæ равзæрд, сæ мидис сын кæй нæ зонæм, уый фыдæй сæ аздæхтам гуыбыны ‘рдæм. Уый афтæ куы нæ уаид, уæд ма искуы исчи раздæр федта хæрнæг æмæ хистыты фæстæ дыккаг бон, фыдрайсомы бон дæр мæрдджыны кæртмæ, сæ цæссыг куы нæма басур вæййы, уæд хаш хæрынмæ цу! Уымæй сылгоймæгтæ дæр. О, о, сылгоймæгтæ дæр. Ахæм æнæгъдауыл ныххæцыдысты Горæтгæрон районы иуæй-иу хъæутæ. Худинаг æмæ алла-
йаг! Нæ фыдæлтæ сæр æмæ бæрзæймæ дыккаг бон дзырдтой
æрмæстдæр нæлгоймаг фыдæбон-гæнджытæм. Цæмæй сын хистæртæ бузныг зæгъой, раарфæ сын кæной, марды фæдыл хорз æгъдау кæй равдыстой, сæхимæ бæрнондзинад кæй райстой, фыдæбон æмæ зындзинадæй сæхи кæй нæ бамбæхстой, уый тыххæй. Бæрцæй цыппар-æхсæз сидты фæстæ-иу сæ бадт райхæлд. Ныр та ныддæргъвæтин вæййы, æхсызгон хъæлæба дæр ма дзы райхъуысы. Æгæр куы ануазай, фырæфсæст куы уай, уæд цы нæ вæййы.
Уæлдæр куы загътон, хаш дыккаг бон хæрынц нозтвæллад адæм. Уый фæдыл ис сæрмагонд таурæгъ. Уым æй ирайнаг шахæн бацамоны йæ хæринаггæнæг, дыккаг бон æй нозтвæлладæй куы федта, уæд. Шахы зæрдæмæ тъæнгты бас (иронау афтæ хуыйны) афтæ тынг фæцыд, æмæ хаш, хаш дзурын райдыдта. Ома хорз у, хорз! Æмæ афтæмæй тъæнгты хъæрмхуыппæн йæ ном баззад хашæй. Зианы фæдыл хæрнæг уа, хисты тъæнгтæ уыцы бон сфыцынц æмæ сæ фынгыл æрæвæрынц. Афтæ домы æгъдау!
Фæсныхас. Нæ æгъдæуттыл гам бады фылдæр сæ мидис сын нæ зоныны фыдæй, æмæ ууыл хъуыды кæнгæйæ газеткæсджытæ хæссынц фæндон горæт Дзæуджыхъæуы ирон æгъдæутты скъола байгом кæнын. Уыдонæй у, ирон фарн æмæ намысыл йæ зæрдæ тынг кæмæн риссы, уыцы хистæртæй иу Колыты Азанбег. Хорз уаид бæргæ, фадатджынтæй исчи ацы хъæугæ хъуыддагмæ йе ‘ргом куы аздахид. Лæвар дзы чи кусид, уыдонæй иу æз. Скъола горæты астæу æхсæнадон агъуысты куы уаид, уæд хуыздæр, цæмæй йæм алы рæттæй æнцондæр цæуæн уа. Ацы фарстамæ йæ хъус чи æрдара, уый хорзы бацæуид нæ адæмы иудзинадæн, æнгомдзинадæн. Æнгом бинонтæ та цард арынц! Афтæ — æнгом æмæ хæларæй цæрæг иу адæм дæр!
ЦГЪОЙТЫ Хазби
pulsosetii.ru
|